Хуссар Иры ЦӔК-ы бамбарын кодтой кандидаттӕн ӕвзаджы экзамены уагӕвӕрд

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæДиктант
Диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Диктант иууыл къаддӕрӕй "ӕртӕ"-йыл, 2-3 рӕдыдӕй фылдӕр хъуамӕ ма уа дзыхыныхасы, 1-2 æнæдырысдзинады дзырдыныхасы – ӕмӕ ды дӕ Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидат.

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамис сфидар кодта лингвистон къамисы фӕдыл уагӕвӕрд, кӕцы хъуамӕ сбӕлвырд кӕнын президенттӕм иу кӕнӕ аннӕ кандидат цас зоны паддзахадон ӕвзӕгтӕ (ирон ӕмӕ уырыссаг).

Къамисы сконды ис ӕхсӕз специалисты — ӕртӕ ирон ӕвзагӕй, ӕртӕ та уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйӕ.

здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид бахӕс кодта ЦӔК-ӕн лингвистон къамис саразын

Ӕвзагзонынады ӕмвӕзад сбӕлвырд кӕныны тыххӕй Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидат хъуамӕ ныффысса диктанттӕ ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл. Бӕлвырд темӕйыл бацӕттӕ кӕна фондзминутон раныхас дыууӕ ӕвзагыл дӕр.

"Фӕлварӕны" хӕслӕвӕрдтыл къамис хъуамӕ бакуса развӕлгъау ӕмӕ сӕ адӕтта ЦӔК-мӕ ӕхгӕд конвертты, кӕцытӕй иу президенттӕм кандидат хъуамӕ бакӕна басгӕрсты хӕдразмӕ.

Республикӕйы уӕлдӕр постмӕ претенденттӕн ис иууыл къаддӕрӕй иу сахат раныхас бацӕттӕ кӕнынӕн.

ЦӔК ма сбӕлвырд кодта, куыд хъуамӕ цӕуа аргълӕвӕрд кандидатты фыссӕн куыстытӕн. Уый арӕзт цӕудзӕн нысӕнтты сфидаргонд нормӕтӕм гӕсгӕ: кандидат райсдзӕн "бахыгъд", кӕд ӕмӕ йӕ куыст сӕххӕст кӕна "5", "4" ӕмӕ "3"-йыл, "ӕнӕбахыгъд" та — кӕд ӕмӕ куыст ӕххӕст ӕрцӕуа "2" нысаныл.

Дыккаг фӕлварӕн та — раныхас, кандидат райсдзӕн "бахыгъд", кӕд ӕмӕ къамисы уӕнгтӕ банымайой, темӕ райхӕлд кӕй ӕрцыд, раныхас у ӕмбӕлон уавӕрӕн ӕмӕ функционалон стилӕн.

Председатель ЦИК Южной Осетии Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Белла: кандидатты минӕвӕрттӕ райдыдтой куырдиӕттӕ хӕссын ЦӔК-мӕ

Диктант иууыл къаддӕрӕй хъуамӕ фыст уа "ӕртӕ"-йыл, 2-3 рӕдыдӕй фылдӕр хъуамӕ ма уа дзыхыныхасы, 1-2 æнæдырысдзинады дзырдыныхасы.
Уымӕй дарддӕр ма раныхсгӕнӕгӕн хъуамӕ уа ӕнцонӕмбарӕн дикци, дзыхыдзырды астӕуккаг темп. Уымӕн ис фадат синонимтӕй ӕмӕ ӕндӕр фӕрӕзтӕй спайда кӕнын фӕлхаттытӕ ӕмӕ дзырдуаты мӕгуырдзинад аиуварс кӕнынӕн.

Къамисы скъуыддзаг ист цӕуы ӕргом хъӕлӕсӕппӕрстӕй хъӕлӕсты фылдӕрмӕ гӕсгӕ. Хъӕлӕстӕ ӕмхуызон нымӕц куы уой, уӕд скъуыддзаг ист цӕуы кандидаты пайдайӕн.

Кандидат куы нӕ сразы уа хайад райсын кӕнӕ куы нӕ ‘рбацӕуа паддзахадон ӕвзӕгты ӕмвӕзад сбӕлвырд кӕныны фӕдыл фӕлварӕнмӕ, уӕд нымад ӕрцӕудзӕн, кӕй нӕ зоны паддзахадон ӕвзӕгтӕ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕвзӕгты фӕдыл фӕлварӕнтӕ раттыны тыххӕй домӕнӕй фыццаг хатт спайдагонд ӕрцыд президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы 2012 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0