Генпрокурор радзырдта, чи у аххосджын ОМОН ӕмӕ скъоладзауты ӕхсӕн хылы

© Sputnik / Наталья АйриянУрузмаг Джагаев
Урузмаг Джагаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг рестораны ӕрцӕугӕ цауы ис ОМОН-ы кусӕджы аххос, фӕлӕ хистӕр кълӕсты ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыдысты нозтджын, загъта Хуссар Ирыстоны генералон прокурор.

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ОМОН-ы кусджытӕ, кӕцытӕ ссисты дыууӕ резонансон инциденты хайадисджытӕ, уголовон хъуыддӕгты равзӕрсты рӕстӕгмӕ иуварсгонд ӕрцыдысты сӕ кусӕгон хӕстӕй, загъта журналисттӕн республикӕйы генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Прокуратура - Sputnik Хуссар Ирыстон
Прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг ОМОНы кусӕджы ныхмӕ

Генералон прокуратурӕ раздӕр бакодта уголовон хъуыддӕгтӕ ОМОН-ы кусджытӕй цалдӕры ныхмӕ. Иу цауы рӕстӕджы ӕртӕ кусӕджы фӕнадтой 21-аздзыд цхинвайладжы. Зианбаййафӕг райста сӕрмагъзы травмӕ, цӕсгомы цӕфтӕ. Дыккаг инцидент та ӕрцыд горӕты ресторантӕй иуы, цы ран ОМОН-ы кусджытӕ ӕмӕ хистӕркъласонты ӕхсӕн бацайдагъ хыл.

"Дыууӕ цауы фӕдыл дӕр баконд ӕрцыд уголовон хъуыддӕгтӕ, сӕ равзӕрст кӕронмӕ нӕма бахӕццӕ, уагъд цӕуынц слестгӕнӕн мадзӕлттӕ. Равзӕрсты рӕстӕгмӕ уголовон хъуыддаджы фигуранттӕ иуварс ӕрцыдысты кусӕгон архайдӕй", — загъта генпрокурор.

Дзӕгъиаты Уырызмӕг банысан кодта, рестораны ӕрцӕугӕ цауы кӕй ис ОМОН-ы кусӕджы аххос, фӕлӕ "фарстмӕ объективон ӕгъдауӕй куы бацӕуӕм, уӕд скъоладзауты уагахаст дӕр нӕ уыд ӕмбӕлон".

Уый куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй медицинон басгӕрсты рӕстӕджы рабӕрӕг, хистӕркъласонтӕ дӕр кӕй уыдысты нозтджын.

Генпрокурор ма радзырдта, уыцы цауы фӕстӕ ведомствӕйы кусджытӕ кӕй ауагътой скъоладзаутимӕ беседӕтӕ ӕмӕ сын ӕрдзырдтой, нозт кӕнын ӕмӕ ӕхсӕнадон фӕтк халыны цаутӕ карзӕй кӕй цӕудзысты ӕфхӕрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0