"Симд" Цхинвалы равдисдзæн кафт æмæ зарды ног программæ

© Sputnik / Ада БагианКонцерт государственного ансамбля "Симд"
Концерт государственного ансамбля Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" кæсджыты размæ традицион кафтытæй дарддæр рахæсдзæн ног "фæсивæдон кафт" æмæ хоры ранæуæггонд нывæзт.

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik. Галаты Борисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" кӕсджыты размӕ рахӕсдзӕн ранӕуӕггонд программӕ. Ансамбль 3 марты Цхинвалы ауадздзӕн концерт, цыран традицион кафтытæй дарддæр къорд сӕххӕст кӕндзӕн ног "фæсивæдон кафт" æмæ хоры ранæуæггонд нывæзт, загъта Sputnik "Симд"-ы сæйраг администратор Гаглойты Кристина.

"Фæсивæдон кафт" нырмæ ансамблы репертуары никуы уыд. Ацы номыр коллектив балетмейстер Чилæхсаты Георгийы къухдариуæгадæй цæттæ кодта æртæ мæйы дæргъы. Рог хъæлдзæг кафт æххæст кæнынц 12 къаййæ", — радзырдта Гаглойты Кристина.

Уымӕй дарддӕр ма, бафтыдта уый, мадзалмæ сæхи бацæттæ кодта "Симд"-ы хор дæр —фондз ног хъайтарон зарæджы айзæлдзысты концерты ПККЗ "Чермен"-ы сценӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0