Гаглойты Алан ӕнтыстджынӕй радта ӕвзӕгтӕ зоныны фӕдыл фӕлварӕн

© Диана КозаеваАлан Гаглоев
Алан Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экзамен цыд дыууӕ сахатӕй чысыл къаддӕр, йӕ фӕстӕ лингвистон къамисы уӕнгтӕ рахызтысты ӕмӕ фехъусын кодтой Гаглойты Аланы фарсхӕцджытӕн, "ацы кандидат кӕй ацӕудзӕн дарддӕр".

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ претендент Гаглойты Алан къуырисӕры ӕнтыстджынӕй рацыд лингвистон фӕлварӕн паддзахадон ӕвзӕгтӕ цас зоны, уый фӕдыл, фехъусын кодтой Sputnik Гаглойты Аланы ӕвзӕрстагъоммӕ штабы.

Экзамен цыд дыууӕ сахатӕй чысыл къаддӕр, йӕ фӕстӕ лингвистон къамисы уӕнгтӕ рахызтысты ӕмӕ фехъусын кодтой Гаглойты Аланы фарсхӕцджытӕн, "ацы кандидат кӕй ацӕудзӕн дарддӕр".

Гаглойты Алан йӕхӕдӕг Sputnik куыд загъта, афтӕмӕй йӕ ныфс уыд йӕ зонындзинӕдтӕй.

"Цавӕрдӕр тыхстдзинад, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыд. Къамисы уӕнгтӕ тынг рӕстаг ӕмӕ объективонӕй бацыдысты сӕ куыстмӕ. Нӕй зӕгъӕн ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ уыдысты ӕнцон, фӕлӕ алцыдӕр ацыд хорз", — загъта уый.

Ноджы ма иу фӕлварӕн дыццӕджы ӕнхъӕлмӕ кӕсы Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуардмӕ.

Раздӕр лингвистон къамис саргъ кодта президент Тыбылты Леонид ӕмӕ парламенты спикер Бибылты Анатолийы зонындзиндтӕн, дыууӕ дӕр ӕнтыстджынӕй ахызтысты ацы фӕлварӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0