Sputnik бакодта хъӕлӕскӕнынад "Ты супер!"-ы хайадисӕг Гӕбӕраты Аринайӕн

© Sputnik / Михаил ХасиевАрина Габараева
Арина Габараева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik порталтыл алы адӕймагӕн дӕр фадат уыдзӕн йӕ хъӕлӕс раттын ӕрыгон курдиӕттӕн, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты кад Мӕскуыйы ӕмӕ кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы схъӕлӕс кӕнын Хуссар Ирыстоны минӕвар Гӕбӕраты Аринайӕн.

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Агентад Sputnik порталтыл райдыдта он-лайн хъӕлӕскӕнынад телеканал НТВ-имӕ иумӕйаг проект "Ты супер!"-ы хайадисджыты тыххӕй. Хуссарирыстойнаг минӕвар Гӕбӕраты Аринайы фарс балӕууын ис фадат алы адӕймагӕн дӕр, уый тыххӕй хъӕуы ныххӕцын лайкыл дӕлдӕр цы къам ис, уым. Хъӕлӕскӕнынад адарддӕр уыдзӕн 26 майы онг, йӕ фӕстиуджытӕм гӕсгӕ ХПӔ ӕмӕ Балтийы бӕстӕты хайадисджыты ТОП-3-йӕн уыдзӕн фадат ралӕууын радио Sputnik эфирты ӕмӕ радзурын сӕ хайадисты тыххӕй конкурсы, афтӕ ма сӕ уарзон композицитӕй иу азарын.

Ӕрыгон конкурсантты ӕнтыстытӕ ӕмӕ уӕлахизтӕм куыд цӕттӕ кӕнынц сӕхи ӕмӕ эстрадӕйы дӕснытимӕ куыд зонгӕ кӕнынц, уымӕ хъус дарыны фадат ис Sputnik сайтты профилон рубрикӕты ӕмӕ социалон хызӕгты. Социалон хызӕгты пайдагӕнджытӕн дӕр ис фадат хъарм ныхӕстӕ зӕгъын хайадисджытӕн. Иууыл ирддӕр арфӕйы ныхӕстӕ Sputnik фехъусын кӕндзӕн сывӕллӕттӕн, куыддӕр фӕстӕмӕ ӕрӕздӕхой, афтӕ.

Телеканал НТВ ӕмӕ информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik проект "Ты супер!" ратдзӕн фадат курдиатджын сывӕллӕттӕн, кӕцытӕ аззадысты ӕнӕ ныййарджыты ӕвджидӕй, сӕ курдиат равдисын ӕмӕ стыр сценӕмӕ фӕндаг айгӕрдын.

Ног хабӕртты лентӕ
0