"Бузныг, кæй мæ нæ рох кæнут". Сагкаты Валерийы мысӕн концерт ацæудзæн Цхинвалы

© FacebookСагкаты Валерийы мысӕн концерты афишӕ
Сагкаты Валерийы мысӕн концерты афишӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон музыкалон культурæйы ирддæр минæвар Сагкаты Валерийӕн Цхинвалы цырт сæвæрыны нысанæн организацигонд цæуынц концерттæ Ирыстоны дыууæ столицæйы. Цæгаты концерт æрæмбырд кодта 200 мин сомы, 15 марты йæ сфæлхатт кæндзысты хуссары дӕр.

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны зынгхуыст адæмон артист Сагкаты Валерийы номарӕн дыккаг хӕрзаудӕн концерт "Бузныг, кæй мæ нæ рох кæнут" ацæудзæн 15 марты Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатортæй иу, РХИ драмтеатры актер Мамиты Григорий.

Валерий Сагкаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сагкаты Валерийӕн йӕ мысæн концерты фӕрӕзтӕй Цхинвалы сӕвӕрдзысты цырт

Ирон музыкалон культурæйы ирддæр минæвар Сагкаты Валерийӕн Цхинвалы цырт сæвæрыны нысанæн организацигонд цæуынц концерттæ Ирыстоны дыууæ столицæйы. Цæгаты концерт æрæмбырд кодта 200 мин сомы, 15 марты йæ сфæлхатт кæндзысты хуссары дӕр.

"Цырт сæвæрынæн хъæуы милуан сомæй фылдæр, ӕмбырд та ӕрцыд нырма 200 мин сомы. Хæрзаудæн мадзæлттæ адарддæр кæндзыстæм концертæй Цхинвалы 15 марты ПККЗ "Чермен"-ы. Хайад дзы райсдзысты Ирыстоны дыууæ хайы зындгонд артисттæ", — загъта Григорий.

Уый ма бызныг загъта, Дзæуджыхъæуы сын мадзал ауадзынæн æмæ диск рауадзынæн чи баххуыс кодта, æппæт уыцы адæмæн.

Зындгонд ирон зарӕггӕнӕг, композитор, поэт, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Сагкаты Алексейы фырт Валерий фӕмард 25 азы размӕ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хсæн иунæг фæндагыл зæйы бын, Валерийыл цыд 41 азы. Йӕ ном хæссы Цхинвалы уынгтæй сӕ иу.

Ног хабӕртты лентӕ
0