Ӕртыккаг фадыг Цӕгат Иры: законы фехӕлд ӕви ӕвзарӕджы бартӕ

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæВыборы в Южной Осетии
Выборы в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыккаг фадыг бакӕныны тыххӕй скъуыддзагӕн схъӕлӕс кодтой ЦӔК-ы уӕнгтӕй дӕсӕй, фондз та йыл сӕвӕрдтой тобӕ.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Централон ӕвзарӕн къамис райста уынаффӕ Хуссар Иырстоны президенты ӕвзӕрстыты хъӕлӕскӕнынады тыххӕй Цӕгат Ирыстоны ӕртыккаг ӕвзарӕн фадыг ӕрбайгом кӕнын. ЦӔК-ы сӕргълӕууӕг Плиты Беллайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "РЦИ-Аланийы ӕртыккаг фадыг ӕрбайгом кӕныны фӕдыл скъуыддзаг бындуриуӕг кӕны Хуссар Ирыстоны минӕварады консулон хайады куырдиатыл, цы ран ӕрӕмбырд сты Цӕгат Ирыстоны иудадзыг цы хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгтӕ цӕрынц, уыдон бирӕнымӕц куырдиӕттӕ".

Ӕртыккаг фадыг бакӕныны тыххӕй скъуыддзагӕн схъӕлӕс кодтой ЦӔК-ы уӕнгтӕй дӕсӕй, фондз та йыл сӕвӕрдтой тобӕ.

"Иугонд Ирыстонӕй" ЦӔК-ы уӕнгтӕ: законы гуымир фехӕлд

Централон ӕвзарӕн къамисы уӕнгтӕ парти "Иугонд Ирыстонӕй" равдыстой ӕнӕразыдзинад уынаффӕимӕ, сыстадысты ӕмӕ ацыдысты рабадтӕй.

Выборы президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны ӕрбайгом уыдзӕн РХИ президенттӕм ӕвзӕрстыты фӕдыл ӕртыккаг фадыг

Фӕстӕдӕр уыдон фехъусын кодтой, уӕлӕмхас фадыг кӕныны фӕдыл скъуыддзаг кӕй цӕуы "Республикӕ Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстыты фӕдыл" Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституцион законы ныхмӕ.

Уыдон банысан кодтой, "4 ст. 1 хаймӕ гӕсгӕ, консулон уагдӕтты территорийӕ дарддӕр ӕндӕр ӕвзарӕн фадгуыты ӕрбайгом у ӕнӕруадзгӕ".

ЦӔК-ы уӕнгтӕ ма банысан кодтой, ӕвзарӕн фадгуытӕ Республикӕ Хуссар Ирыстонӕн ӕддейӕ арӕзт кӕй цӕуынц ӕвзӕрстыты, референдумӕй 40 бон раздӕр, мыхуыр та цӕуынц 35 бон раздӕр, ӕмӕ уыдӕттӕ арӕзт ӕрцыдысты 4 марты. Уӕлӕмхас фадыг ӕрбайгом кӕнын фӕдыл уынаффӕ та райст ӕрцыд снысангонд ӕмгъуыдӕй фондз боны фӕстӕдӕр, уый та у "Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституцийы гуымир фехӕлд".

Президенты пресс-секретарь Гана Яновская: ЦӔК архайы ӕрмӕстдӕр законмӕ гӕсгӕ

Цӕгат Ирыстоны ӕртыккаг ӕвзарӕн фадыг ӕрбайгом кӕныны фӕдыл Хуссар Ирыстоны ЦӔК-ы скъуыддзаг райст ӕрцыд законмӕ гӕсгӕ, хъусын кӕны президент Тыбылты Леониды ныхӕстӕ йӕ пресс-секретарь Гана Яновская.

"Леонид Харитоны фырт у ӕнӕдызӕрдыг, ЦӔК кӕй архайы ӕрмӕстдӕр законмӕ гӕсгӕ ӕмӕ у ахӕм инстанц, кӕцыйы уынаффӕтимӕ хъуамӕ уой разы президенты бынатмӕ кандидаттӕ иууылдӕр", — загъта Яновская.

Уый ма бафтыдта, "куыд адӕймаг ӕмӕ куыд ӕмбӕстаг афтӕ, президентӕн ӕхсызгон кӕй у, Цӕгат Ирыстон — Аланийы ноджы иу уӕлӕмхас фадыджы ӕрбайгомимӕ фылдӕр нымӕц ирӕттӕн фадат кӕй фӕзындзӕн схъӕлӕс кӕнын ӕмӕ сӕ хъуыды равдисын".

Пресс-секретарь бахахх кодта, президенты администраци кӕй нӕ хӕццӕ кӕны ӕвзӕрстагъоммӕ кампанийы цыд, фӕлӕ ӕнӕдызӕрдыгӕй, лӕмбынӕгӕй хъус дары, цӕмӕй алцыдӕр цӕуа законмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0