Уӕрӕсейаг танктӕ Т-72 ауагътой ӕфсӕддон ӕхстытӕ Хуссар Иры хӕхты

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæРоссийский танк Т-72Б3
Российский танк Т-72Б3 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырты Хуссар Ирыстоны хайад райстой уӕрӕсейаг базӕйы 600 ӕфсӕддон службӕгӕнӕджы ӕмӕ 100 иуӕджы хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕ.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайӕдтӕ "Дзарцъем"-ы полигоны ахуырты рӕстӕджы сӕххӕст кодтой ӕфсӕддон ӕхст танктӕй Т-72, фистӕгӕфсады ӕфсӕддон машинӕтӕй БМП-2, хӕдцӕугӕ артиллерион ӕвӕрдтӕй "Акация", минӕхсӕгтӕй "Сани" ӕмӕ ӕхсӕг хӕцӕнгарзӕй, фехъусын кодта майрӕмбоны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Батальонные тактические учения в ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны базӕйы басгӕрстой ӕфсӕддон цӕттӕдзинад

Ахуырты Хуссар Иырстоны райстой хайад уӕрӕсейаг базӕйы 600 ӕфсӕддон службӕгӕнӕджы ӕмӕ 100 иуӕджы хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕ.

"Ахуырты рӕстӕджы ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ сӕххӕст кодтой ӕфсӕддон ӕхст танктӕй Т-72, фистӕгӕфсады ӕфсӕддон машинӕтӕй БМП-2, хӕдцӕугӕ артиллерион ӕвӕрдтӕй "Акация", минӕхсӕгтӕй "Сани", атоматон ӕмӕ къухы хӕсгӕ гранатӕӕхсӕгтӕй АГС-17 ӕмӕ РПГ-7, афтӕ ма ӕхсӕг хӕцӕнгарзӕй уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕнӕпилотон тӕхгӕ апппаратты ӕмархайдӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма банысан ӕрцыд, ахуырты рӕстӕджы уӕлдай хъусдард аздӕхт кӕй ӕрцыд ӕфсӕддон тохтӕ уадзынмӕ хӕххон-хъӕдджын бынаты уавӕрты, ӕмархайды организаци, штатон ӕмӕ уӕлӕмхас дӕлхайадты ӕхстӕн къухдариуӕгадмӕ, ӕфсӕддон машинӕтӕ скъӕрынӕмӕ, уыдонӕй ӕхсыны фӕлтӕрддзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ, афтӕ ма индивидуалон ӕмӕ къордон нормативтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0