Ансамбль "Къона" хоны цхинвайлӕгты рагон музыкæйы изæрмæ

Рафыссын
"Къона" сæххæст кæндзæн зарджытæ, кадджытæ, цæгъдтытæ, кæцытæ æнусты дæргъы æххæст кодтой нæ фыдæлтæ æрвылбонон царды æмæ сӕ бæрæгбæтты.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Моурауты Сосланы номыл рагон ирон музыкалон инструментты æмæ зарæгкæныны ансамбль "Къона" ауадздзӕн Цхинвалы гом концерт, фехъусын кодтой Sputnik фæсивæдон организация "Иугонд Алани"-йы пресс-службæйы.

Хор и оркестр народных инструментов Аизалд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Оркестр "Айзæлд" фыццаг хатт ратдзæн концерт Дзæуджыхъæуы

Фольклорон коллектив "Къона" у иунæг Ирыстоны, кæцы архайы ирон адӕмы фыдæлты музыкалон истори сахуыр кæныныл.

"Концерт ацæудзæн 11 марты "Чермен"-ы сценæйыл. "Къона" сæххæст кæндзæн зарджытæ, кадджытæ, цæгъдтытæ, кæцытæ æнусты дæргъы æххæст кодтой нæ фыдæлтæ æрвылбонон царды æмæ сӕ бæрæгбæтты. Музыкалон композицитæ айзæлдзысты сæ рагон хуызы", — загътой пресс-службæйы.

Уым ма банысан кодтой, концерты Цхинвалы скъолаты ахуырдзаутæ дӕр кӕй радзурдзысты æмдзæвæгтæ ирон æвзагыл.

Ансамбль пайда кæны ахæм ирон музыкалон инструменттæй, куыд дала-фæндыр, хъисын-фæндыр, дыууадæстæнон, хъандзал-фæндыр, уадындз æмæ къӕрцгӕнӕгтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0