УФ ӕмӕ РХИ президенттӕ ӕрдзурдзысты ӕфсӕддон бадзырд ӕмӕ мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныныл

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæПрезидент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов
Президент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президентты фембӕлд нывӕзтгонд у марты ӕмбисмӕ.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президенттӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты Мӕскуыйы ӕфсӕддон ӕмгуыстад, куыстмыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл, фехъусын кодта Sputnik УФ президенты ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурков.

Президент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президент Мӕскуыйы фембӕлдзӕн Владимир Путинимӕ

"Владимир Путин ӕмӕ Тыбылты Леониды фембӕлд уагъд ӕрцӕудзӕн марты ӕмбисы. Дыууӕ бӕстӕты президенттӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты РХИ ӕмӕ УФ-йы ӕхсӕн баздырды РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды уагӕвӕрды тыххӕй, республикӕйы пенситӕ ӕмӕ куыстмыздты нывӕзтгонд фӕфылдӕрыл", — загъта Сурков.

Фарсытӕ ма ӕруынаффӕ кӕндзысты Хуссар Ирыстоны медицинон кластеры объектты арӕзтадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0