ЦӔК: Хуссар Иры президенты бынатыл стох кӕндзысты ӕртӕ кандидаты

© Sputnik / Михаил ХасиевЦИК Южная Осетия Цхинвал
ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Центрӕвзӕрсткъам ныридӕгӕн сфидар кодта кандидаттӕн эфирон рӕстӕг, телеэкрантӕй сӕ хъуыды зӕгъыны фадат уыдонӕн фӕзындзӕн ацы майрӕмбоны.

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты хайад райсдзысты ӕртӕ кандидаты — архайгӕ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ РХИ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.

Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК не срегистраци кодта Багаты Амираны президенты бынатмæ кандидатæй

Раздӕр, бафыссӕн гӕххӕттыты рӕдыдтытӕ уагъд кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй Хуссар Ирыстоны централон æвзарæн къамис не стрегистраци кодта президенты бынатмæ кандидаттæй аразӕг Багаты Амиран ӕмӕ депутат Къозонты Аланы.

Ӕртӕ срегистрацигонд кандидатӕн майрӕмбоны фадат уыдзӕн хайад райсын теледебатты.

"Центрӕвзӕрсткъам ныридӕгӕн сфидар кодта кандидаттӕн эфирон рӕстӕг, уый нымӕцы ӕнӕаргъ рӕстӕг дӕр. График ӕрӕмдзыхгонд ӕрцыд кандидаттимӕ", — загътой Sputnik ЦӔК-ы.

ЦӔК нырма нӕ аскъуыддзаг кодта бюллетенты дырыс нымӕц, "фӕлӕ ныридӕгӕн фидар ӕрцыдысты республикӕйы ном раивыны фӕдыл референдумы ӕмӕ президентон ӕвзӕрстыты бюллетенты текст ӕмӕ хуыз".

Ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ референдум Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0