"Айзæлд"-ы концерт Дзæуджыхъæуы филармонийы æрæмбырд кодта йедзаг зал

© Архивное фотоХор и оркестр народных инструментов Айзалд
Хор и оркестр народных инструментов Айзалд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концерты фæстæ коллектив райста æнхъарæн Уæрæсейы, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Гæздӕнты Булатæй йæ оркестримæ иумæ раттын иумæйаг концерт.

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг адæмон инструментты оркестр "Айзæлд"-ы концерт Дзæуджыхъæуы æрæмбырд кодта æнæхъæн зал æмæ аив зæлтӕй балхæдта ирон музыкӕйӕн табугæнджыты зæрдæтæ, фехъусын кодта Sputnik оркестры дирижер æмæ аивадон къухдариуæггæнæг Уалыты Нина.

"Ӕхсызгон дисы сæ бафтыдтам, æнхъæл нæ уыдысты, ахæм æмвæзадыл кæй разындзæн нæ оркестр. Зал уыд йедзаг, концертмæ æрбацæуæг адæмы ʻхсæн уыд зыдгонд музыканттæ дæр. Концерты фæстæ нӕм не ʻсфæлдыстады тыххæй бузныг зæгъынмæ цыд бирæ адæм, тынг æхсызгон уыд оркестры уæнгтæн дӕр ахæм æнтыст", — радзырдта Уалыты Нина.

Мадзалы фæстæ, бафтыдта дирижер, коллектив райста æнхъарæн Уæрæсейы, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Гæздӕнты Булатæй йæ оркестримæ раттын иумæйаг концерт.

Хор и оркестр народных инструментов Аизалд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Оркестр "Айзæлд" фыццаг хатт ратдзæн концерт Дзæуджыхъæуы

"Айзæлд" фыццаг хатт радта концерт республикæйы æддейæ. Концерт ацыд Дзæуджыхъæуы паддзахадон филармонийы 14 марты. Сценæйæ айзæлдысты ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг композиторты уацмыстæ, æдӕппæтæй 20 номырæй фылдæр.

Мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны адæмон артист Тайсауты Олег, Хуссар Ирыстоны адæмон артист Ӕлборты Инал, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисттæ: Хаситы Сослан, Куыдзеты Агуындæ, Хъотайты Агуындæ, стæй ма Дыгъуызты Марина, Сланты Ацæмæз æмæ Коцты Линда.

Горæт Цхинвалы администрацийы дӕлбар адæмон инструментты оркестр "Айзæлд"-ы Дзæуджыхъæуы концерт арæзт æрцыд "МЕДИА АРТ продакшн" æмæ РЦИ-А паддзахадон филармонийы хъæппæрисæй.

Йæ саразыны фæдыл æппæт хæрдзтæ йæхимæ райста Хуссар Ирыстонæй ацæугæ амалиуæггæнæг, Цæгат Ирыстоны арæзтады министр Икъаты Руслан.

Ног хабӕртты лентӕ
0