Кокойты Эдуарды домӕн: цӕуыл бындуриуӕг кодта Уӕлдӕр тӕрхондон

© Sputnik / Андрей Старостин /  Ахизын медиабанкмæСудебный молоток
Судебный молоток - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр тӕрхондон ныммыхуыр кодта Кокойты Эдуарды домӕны фӕдыл рахӕсгӕ скъуыддзаджы ӕххӕст текст.

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik. Кокойты Эдуарды домӕны фӕдыл ӕппӕрццаг скъуыддзаг райсыны аххосӕгтӕй Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон банымадта уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕныл рахизыны фӕдыл бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕ райстой УФ-йы Арӕнхъахъхъӕнӕн ӕфсадӕй.

Здание суда в г.Цхинвал Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлдӕр тӕрхондон не ′сразы Кокойты Эдуарды хъастимӕ ЦӔК-ы скъуыддзаджы ныхмӕ

Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон рахаста ӕппӕрццаг скъуыддзаг экс-президенты административон домӕны фӕдыл ЦӔК-ы ныхмӕ, кӕй йӕ не срегистраци кодта президенттӕм кандидатӕй, уый тыххӕй. Цыппӕрӕмы Уӕлдӕр тӕрхондон ныммыхуыр кодта раздӕр рахастгонд скъуыддзаджы ӕххӕст текст.

Уӕлдӕр тӕрхондоны коллеги ӕртӕ тӕрхонгӕнӕджы скондӕй ӕркаст ӕрмӕстдӕр фондз пунктмӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ ЦӔК не срегистраци кодта Кокойты Эдуарды.

Сӕйрагдӕрыл банымайӕн ис биноныгдзинады ценз. Тӕрхондон банымадта ӕнӕрӕстагыл раздӕр РХИ ПӔК цы информаци ӕрбавдыста ӕмӕ бахатыд президенты администрацимӕ, цӕмӕй саразой куырдиат УФ-йы компетентон органтӕм (Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕдасдзинады федералон службӕйы Арӕнхъахъхъӕнӕн ӕфсады 2038-ӕм ӕфсӕддон дӕлхайадмӕ).

"Ӕрбавдисгӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 04.03.2017 — 03.2016 периоды Кокойты Эдуард Джабейы фырт Республикӕ Хуссар Ирыстоны уыд 39 боны, 04.03.2016 — 04.03.2015 периоды та — 15 боны", — дзырдӕуы уӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕйы.

Ацы бӕлвырдгӕнӕн, тӕрхонгӕнджыты нымадмӕ гӕсгӕ, "дзурӕг у ууыл, фӕстаг дыууӕ азы Кокойты Эдуард иудадзыгӕй кӕй нӕ цард республикӕйы территорийыл", уымӕ гӕсгӕ нӕ дӕтты дзуапп "биноныгдзинады цензӕн" ӕмӕ йын нӕй гӕнӕн срегистраци кӕнын РХИ президенттӕм кандидатӕй.

Уӕлдӕр тӕрхондон ма банымадта рӕстагыл исад ӕмӕ цардӕмбалы ӕфтиаджы фӕдыл ӕнӕбӕлвырд зонӕнтӕ ӕрбавдисыны фӕдыл ЦӔК-ы уынаффӕ.

Уыимӕ иумӕ уӕлдӕр тӕрхондон не сразы ис ЦӔК-ы скъуыддзагимӕ ахӕм пунктты фӕдыл, куыд партийы уӕнгад ӕмӕ ахӕсты бадыны нӕуӕвын.

Уымӕ гӕсгӕ, Уӕлдӕр тӕхондон не сразы ис ЦӔК-ы уынаффӕ аивыны фӕдыл экс-президенты административон домӕнимӕ ӕмӕ банысан кодта, тӕрхоныл хъаст ахӕссӕн кӕй нӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0