Гаглойты Алан ӕрсидт Тыбылты Леонид ӕмӕ Кокойты Эдуардмӕ бадзырдтӕ ауадзын

© Сайт кандидата в президенты РЮО А. ГаглоеваКандидат в президенты Южной Осетии Алан Гаглоев
Кандидат в президенты Южной Осетии Алан Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гаглойты Алан у ӕнӕдызӕрдыг, конфронтацийы адарддӕр кӕй хӕссы зиан Хуссар Ирыстоны адӕмы интерестӕн.

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидат Гаглойты Алан ӕрсидт республикӕйы сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид ӕмӕ экс-президент Кокойты Эдуардмӕ бадзырдты столын ӕруынаффӕ кӕнын ӕрӕмбырдгонд быцӕудзинӕдтыл ӕмӕ ссарын фадат ӕвзӕрстон процесс сабыр ӕмвӕзадмӕ раздахынӕн.

ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК: Хуссар Иры президенты бынатыл стох кӕндзысты ӕртӕ кандидаты

Республикӕйы Уӕлдӕр тӕрхондон дыццӕджы йӕ тыхы ныууагъта ЦӔК-ы скъуыддзаг Кокойты Эдуарды Хуссар Ирыстоны президенттӕм кандидатӕй ма бауадзыны фӕдыл. Уымӕн дзуаппӕн экс-президенты фарсхӕцджытӕ ноджы цалдӕр сахаты арвыстой республикӕйы хицауады бӕстыхайы раз домӕнимӕ, цӕмӕй архайгӕ президент ӕмӕ цалдӕр бӕрнон кусӕджы сӕ бынатӕй ацӕуой.

"Нӕ республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон уавӕр ӕвзӕрын кӕны катай. Президентон ӕвзӕрстыты ныры ӕвзӕрстагъоммӕ кампани райдыдта карз уавӕр ӕмӕ серьезон быцӕудзинӕдтӕй. ЦӔК Кокойты Эдуарды кандидатӕй куы нӕ срегистраци кодта, уӕд республикӕйы уавӕр ноджы фӕкарздӕр ӕмӕ асайдта йӕ фарсхӕцджыты ӕрдыгӕй ӕргом протестмӕ", — дзырдӕуы Гаглойты Аланы хъусынгӕнинаджы.

Кандидат банысан кодта, конфликт ныры онг нырма кӕй нӕ райхӕлд, конфронтацийы адарддӕр та дзуапп нӕ дӕтты Хуссар Ирыстоны адӕмы интерестӕн.

"Курӕг уӕ дӕн, Леонид Харитоны фырт ӕмӕ Эдуард Джабейы, фырт бадзырдты столыл ӕруынаффӕ кӕнын ӕрӕмбырдгонд быцӕудзинӕдтыл ӕмӕ ӕрцӕуын райсинаг скъуыддзагмӕ, кӕцы фӕахъаз уыдзӕн республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон уавӕры нормализаци ӕмӕ ӕвзӕрстон процесс сабыр ӕмвӕзадмӕ раздахынӕн, — банысан кодта Гаглойты Алан.

Уый бафтыдта, архайгӕ ӕмӕ раздӕры президентты тырнынад "Республикӕ Хуссар Ирыстоны дидинӕфтыдмӕ кӕй у фидар бындур кӕрӕдзи бамбарынӕн".

Ног хабӕртты лентӕ
0