Санахъоты Дауыт: мах нæ хъæуынц "хуызджын революцитæ"

© архивное фотоСанахъоты Дауыт
Санахъоты Дауыт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны политикон тыхтæ иууылдæр хъуамæ æмбарой, быцæудзинæдтæ кæй хъæуы скъуыддзаг кæнын закæтты фæлгæтты, загъта президенты паддзахадон уынаффæгæнæг.

ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстон дæргъвæтин рæстæг арæзта стабилондзинад æхсæнадон-политикон царды æмæ республикæйы нæ хъæуы "хуызджын революцитæ", фехъусын кодта ПТРК "Ир"-ы комкоммæ эфиры РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт.

Сторонники Кокойты у здания правительства в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлдæр тæрхондон не сревизи кæндзæн Кокойты Эдуарды домæны фæдыл скъуыддзаг

Экс-президент Кокойты Эдуарды фарсхæцджытæ хуыцаубоны изæрæй æрæмбырд сты æнæзаконон митингмæ хицауады бæстыхайы цур. Уыдон ногæй домдтой, цæмæй архайгæ президент ацæуа йæ бынатæй, аивд æрцæуой ЦӔК-ы æмæ Уæлдæр тæрхондоны уынаффæтæ. Кокойты Эдуард ЦӔК-ы æмæ Уæлдæр тæрхондоны сæргълæуджытимæ куы фембæлд, уæд адæм апырх сты.

"Махæй алкæйдæр катайы æппары, ныртæккæ рсепубликæй цы цаутæ цæуынц, уыдон. Ацы æзты мидæг хицæуттæ арæзтой æппæт дæр, цæмæй бахъахъхъæной стабилондзинад æмæ сабырад. Уый тыххæй хъæуы бирæ тыхтæ. Политикон тыхтæ иууылдæр хъуамæ æмбарой, быцæудзинæдтæ кæй хъæуы скъуыддзаг кæнын закæтты фæлгæтты. Мах нæ хъæуынц "хуызджын революцитæ", хорз æй зонæм, уыдон цæмæн æркæнынц", — загъта Санахъоты Дауыт.

Уый банысан кодта, ахæм уавæр кæй аразы æппæрццаг фон Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы президенттæ Тыбылты Леонид æмæ Владимир

Путины фембæлды размæ, кæцыйы рæстæджы уынаффæ цæудзæн республикæйæн ахсджиаг фарстыты уæрæх спектрыл.

"Бæстæты сæргълæуджытæ скъуыддзаг кæндзысты махæн ахсджиаг фарстытæ — æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады фарстытæ, куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны æмæ бирæ æндæртæ.. Махмæ та ис быцæудзинæдтæ, кæцытæ никæй хъæуынц. Ноджы ма йæ зæгъон, проблемæтæ хъæуы скъуыддзаг кæнын законы фæлгæтты", — загъта паддзахадон уынаффæгæнæг.

Санахъоты Дауыт зæрдыл æрлæууын кодта, раздæр ЦӔК тобæ кæй сæвæрдта президенты бынатмæ цалдæр претенденты регистрацийыл.

Кандидат в президенты Южной Осетии Алан Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Алан ӕрсидт Тыбылты Леонид ӕмӕ Кокойты Эдуардмӕ бадзырдтӕ ауадзын

Уыдон фæстæдæр сæ конституцион барæй спайда кæнгæйæ, бахатыдысты домæнимæ Уæлдæр тæрхондонмæ, уый та рахаста йе ′скъуыддзаг.

"Дарддæр ацы адæм хъуамæ архайой закæтты фæлгæтты æмæ цæрджыты ныхæй-ныхмæ ма кæной", — бафтыдта уый.

Ивгъуыд къуыри Уæлдæр тæрхондон йæ тыхы ныууагъта ЦӔК-ы скъуыддзаг Кокойты Эдуарды президентæм кандидатæй срегистрацийыл тобæ сæвæрыны фæдыл. Уыцы бон йæ фарсхæцджытæ сарæзтой митинг хицауады бæстыхайы цур.

Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæг Хуыгаты Илона дыццæджы фехъусын кодта, Уæлдæр тæрхондоны скъуыддзагæн аивæн кæй нæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0