Фыссӕджы бынтӕ. Гаглойты Владимиры "Гъе, мардзæ, исчи!.."

© Sputnik / Ада БагианДворцовый комплекс 16 века в селе Корнис
Дворцовый комплекс 16 века в селе Корнис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рагон ирон фысджытӕ уыдысты хӕдахуыр, сӕ уацмыстӕн сын темӕтӕ дӕтта цард йӕхӕдӕг. Фыстой, цы уыдтой, се ‘рвылбонон царды цы фӕзындимӕ ӕмбӕлдысты, уыдӕттыл. Ирон литературӕ цасдӕр бӕрцӕй у ирон адӕмы истори. Sputnik ног проекты уӕ Уалыты Диана цыбыртӕй зонгӕ кӕндзӕн, фысджыты сфӕлдыстӕй йын йӕ зӕрдӕ иууыл тынгдӕр цы уацмыстӕ балхӕдтой, уыдонимӕ.

Уалыты Диана

Кæд уæм афтæ кæсы æмæ туркаг сериалтæй рæсугъддæр кæнæ "Игра престолов"-æй зæрдæагайæгдæр ницы ис, уæд, уæ хорзæхæй, бакæсут Гаглойты Владимиры роман «Гъе, мардзæ, исчи!..».
Мæнмæ гæсгæ, ацы чиныг бирæ популярон сериалтæй мин-мин хатты аивдæр у. Йæ сюжет у бирæвæрсыг. Адæмы цардвæндæгтыл хъысмæты халтæ схæццæ вæййынц æмæ нæ се ‘лхынцъытыл æнæнхъæлæджы сæмбæлын кæны автор. Алкæй тыххæй дæр дзы куы райдайон дзурын, уæд мæ бирæ рæстæг бахъæудзæн. Æмæ йæ чи кастис, уыдон мын аххуыс кæнæт.

Слонаты Берды уæззау хъысмæт

Чиныджы ис равзаргæ таурæгътæ æмæ сæ мæхицæн уæлдай хицæн ракодтон. Иуы дзы дзырд цæуы хъæуы хистæр Слонаты Берды уæззау хъысмæтыл.

Профессор Плиты Гацыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ

Чиныджы цыппæрæм хайы фæзыны Цæргæсбадæны хъæу. Фыссæг нæ зонгæ кæны æцæг æгъдауджын æмæ ‘хсар ирон æдæмимæ. Сæ иу дзы у хъæуы куырыхон хистæр Слонаты Берд: "Дыууæдæстæнон хъисфæндыр йæ къухты, афтæмæй йæ нывæфтыд къæлæтджыныл рабады къонайы фарсмæ æмæ йæ мæллæг стæгдар æнгуылдзтæ хъавгæ æрхæссы фæндыры хъистыл æмæ райдайы йæ таурæгъ…"

Слонаты мыггаджы хистæр мысы йæ даргъ æмæ уæззау фæндаг. Ацæргæ лæджы мидхъуыдыты æргомæй ӕвдыст цæуы карз хохаг цардуаджы æнæфыст фæтк.

Бердæн уыд дыууæ лæппу æмæ иу чызг. Йæ хистæр фырт фыдгæнæг разынд æмæ Бердыл йæхиуыл лӕппуйы хъысмæт скъуыддзаг кæныны уаргъ æвæрд æрцыд. Берды йеддæмæ йæ фырты фыдми ничи базыдта æмæ йæ йæ бон уыдис ныхъхъус кæнын. Фæлæ фидар хæст уыд куырыхон лӕг зæронд æгъдæуттыл æмæ нæдæр йæхицæн фæтæригъæд кодта, нæдæр йæ фыртæн. Йæхи къухæй йæ бакодта мыггаджы ныхасмæ æмæ хистæртæй сæ ныфс куы ничи бахаста тæрхоны уынæффæ рахæссын, уæд Берд растади йæхæдæг æмæ хъодыгонд фæкодта йæ хистæр фырты: "Чи йæ бауадза йæ хæдзары къæсæрæй, радта йын бынат, фæкæна йæ хойраджы хъæстæ, уый мæрдты Цæргæсбадæны мæрдтæн хъусджын хæрæг фестæд, æгадæй æрцæуæд йæ мæлæт!".

Кæй зæгъын æй хъæуы, арвы цæфау йын уыди йæ фырты хабар, фæлæ уæддæр фæстæ нæ фæлæууыд æмæ æгъдаумæ гæсгæ цы `мбæлди, уый сарæзта.

Ноджы тынгдæр дисы та мæ ныппæрста Берды дыккаг фырты хабар. Ирон литерартурæйы ма иу ахæм таурæгътæ куы кастæн, уæд иу цыма цыдæр æнахуыр ихæн банкъардтой мæ уæнгтӕ. Æвирхъау фыдбылызы фæдис æгъатырæй куы сæмбæлы стыр цины хъуыддагыл…

Зӕппӕдзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зианы ӕгъдӕуттӕ

Диссаджы фæззыгон бон скодта. Фæсивæд æрымбырд сты кæрты — Берд йæ чызджы æрвиты чындзы. Фæндыры хъæр æмæ фæсивæды "æрц тох" бæстæ арыдта. Æнæнхъæлæджы Бердмæ тыхстæй æруади йæ фырт Акимы æрдхорд. Берд уайтагъд фестад æмæ уаты астæрдыл мардæй æрбаййæфта йæ фырты. Ныссæххæтт ласта фыды зæрдæ, балæууыд йæ сæрыл. Æмæ йæм раст уыцы рæстæджы райхъуыст хъæлдзæг хъæл-хъæлæба — фæсивæд сæ цинæйдзаг хъаст кодтой, кæрт уазджытæй байдзаг.

Фыццаг æгъдау кæмæн радта Берд? Чи сæ у хистæр — цард æви мæлæт? Йæ маст нынныхъуырдта, стæй нымæтæй æрымбæрзта йæ фырты мард буар æмæ сыстад.

"Кад æмæ æгъдауæй балæггад кодта йæ уазджытæн, худтысты, зарыдысты, сæ фæндыры хъæлæс, сæ зарæг — хæхтæ арыдтой. Стæй дыккаг бон йæ уазджыты куы афæндараст кодта, комæй куы ахызтысты, уæд йæ худ систа æмæ лæдзæгæй йæ сæр хойгæ иронвæндаг бакодта, йæ фырт ныр дыууæ боны мардæй кæм уыдис, уыцы хæдзармæ".

Ирæттæм цард мæнг дунейыл нымад цæуы, мæлæт та у æцæг дунемæ фæндаг. Уымæ гæсгæ мæрдæвæрæны æгъдауæй ахсджиагдæр ницы ис. Дæ зæрдæ æндæр хъуамæ мацæма уал ‘хсайа, цæмæй йæм куыд æмбæлы афтæ ‘ркæсай. Кæд цин æмæ мæлæт кæрæдзи федтой, уæд уал хъуамæ масты хурхыл ныххæцай дæндагæй æмæ цины хъуыддаг срӕвдз кæнай. Уый фæстæ та мардæн йе `гъдау куыд æмбæлы афтæ скæнай.

Алцæмæн дӕр царды ис йæхи бынат.

Ног хабӕртты лентӕ
0