Хуссар Иры равзæрстой къахкъӕлӕттыл бырынӕн фыццаг курорты бынат

© Из личного архива Лери ТедееваЛери Тедеев
Лери Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тедеты Лери нæ фæллайы Хуссар Ирыстоны хæххон къуылдымтæ сгарынӕй æмæ ныридæгæн ссардта æмбæлон бынат къахкъæлæттыл тезгъо кæнынæн. Ныр хъуыддаг ис трассæйы хæрзарæзтады фæстæ

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik, Хъотайты Мария. Цъоны хъæуы хæххон къуылдым суыдзæн Хуссар Ирыстоны къахкъӕлӕттыл бырынӕн фыццаг курорты бынат. Ахæм хъуыды ис Хуссар Ирыстоны хæххон-къахкæлæтты спорты æмæ сноуборды Федерацийы сæргълæууæг Тедеты Лерийæн.

Цалдæр боны размæ федерацийы уæнгтæ сбæлвырд кодтой, цавæр къуылдым хъæуы къахкъæлæттыл бырынæн.

Лери Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Лери агуры Хуссар Иры къуылдымтӕ къахкъӕлӕттыл бырынӕн

Цыппар километры дæргъæн къуылдым рæувадат у куыд æрыгон къахдзоныгътыл цæуджытæн, афтæ дæсны профессионалтæн дæр.

"Мах тынг бирæ рæстæг æнхъæлмæ кастыстæм, кæд рабонтæ кæндзæн, цæмæй сбæлвырд кæнæм ацы трассæйы фадæттæ. Куыддæр хорз боныгъæд ныллæууыд, афтæ араст стæм уырдæм. Ӕрдæгфæндагыл нæ транспорт ныссагъд миты, æмæ нæ фæндаг адарддæр кодтам фистæгæй. Уый разынд иттæг хорз къуылдым Цъоны хъæуы цур, кæцыйæн ис цалдæр уырдыджы æмæ сты рæувадат æрыгон спортсментæн дæр æмæ дæсны профессионалтæн дæр", — радзырдта Sputnik Федерацийы сæргълæууæг.

Тедеты Лерийы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы хорз зонынц, уыцы бынаты къуылдымтæ тезгъо кæнынæн иттæг хорз кæй сты, фæлæй уый йе ′мгæрттимæ сфæнд кодта алцыдæр бынаты фенын.

Федерацийæн ныридæгæн ис бадзырдтæ уæрæсейаг специалисттимæ, кæцытæ апрелы райдианы æрцæудзысты къуылдымтæ уынынмæ æмæ аскъуыддзаг кæндзысты, куыд хъæуы ауадзын канатон фæндаг æдасдзинады уагæвæрды хынцгæйæ.

© Из личного архива Лери ТедееваТедеты Лери йе ‘мбӕлттимӕ республикӕйы къуылдымтӕй иуы
Лери Тедеев с друзьями на одном из горных склонов Южной Осетии  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Лери йе ‘мбӕлттимӕ республикӕйы къуылдымтӕй иуы
Кæд къахкъæлæттон спорты Федераци иу аз æххæстæй дæр нæ куысы, уæддæр йæ актив къахкъæлæттыл слæууын кодта сæдæ адæймагæй фылдæр.

"Тынг бирæ адæмы фæнды къахкъæлæттын тезгъо сахуыр кæнын. Ныридæгæн кæй сахуыр кæнæм, уыдон акæнæм Цъæймæ. Фæстаг хатт, февралы мах акодтам 11-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ цхинвайлаг скъола-интернаты хъомылгæнинæгты. Хæрдзтæ иууылдæр райсæм нæхимæ", — загъта Тедеты Лери.

Федерацийы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй фыццаджыдæр хъæуы саразын бугелон хахх ӕмӕ "канаткӕ".

Федерацийы уæнгты хъæппæристæн ис бирæ фарсхæцджытæ.

"Махæн æхсызгон у, къахкъæлæттон спортæн бонæй-бон йæ фанаттæ фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц æмæ нæ хъæппæристæ реализаци цæуынц зæрдæхæлар адæмы фæрцы. Президенты æххуысæй Федерацийæн бантыст балхæнын дæс комплекты къахкъæлæттæ. Транспортон æххуыс нын бакодтой Уæлвæткон уавæрты министрад æмæ "Энергоресурс", финансон æххуыс нын бакодта хъæууон хæдзарады министр. Алкæмæй дæр сæ стæм æгæрон бузныг. Мах иумæйагæй аразæм стыр хъуыддаг", — загъта Тедеты Лери.

© Из личного архива Лери ТедееваТедеты Лери
Лери Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Лери

Уый у æнæдызæрдыг, æмæ куыддæр къуылдым цæттæ уа тезгъо кæнынæн, афтæ уырдæм райдайдзæн цæуын бирæ адæм, куыд бынæттон, афтæ æрцæуæггæгтæ дæр.

"Ныридæгæн ис адæм, кæцытæ цæттæ сты къуылдымыл уазæгдæттæ бакæнын, коттеджтæ сæвæрын, кафетæ æрбайгом кæнынмӕ, куыддæр бынат æххæстæй цæттæ уа къахкъæлæттыл тезгъо кæнынæн. Уый суыдзæн Хуссар Ирыстоны туризмы райрæзтæн хорз райдиан", — нымайы Тедеты Лери.

Ног хабӕртты лентӕ
0