Федсовет сразы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн пенсийы фæфылдæрыл

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæЗаседание Совета Федерации РФ
Заседание Совета Федерации РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд фадат ратдзæн Уæрæсейы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдон пенсион ифтонгад фæбæрзонддæр кæнын ЦКФЗ-ы æмвæзады онг

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Совет сратификаци кодта æртыццæджы Хуссар Ирыстонимæ бадзырд республикæйы цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты пенсион ифтонгады фæдыл.

Монеты России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыстмызд фӕфылдӕр кӕныны ӕмӕ иурӕстӕгон фиддӕнты тыххӕй

Документ бафыст æрцыд фарон 25 ноябры, уый æндавы Уæрæсейаг æмбæстæгтыл, кæцытæ иудадзыгæй цæрынц Хуссар Ирыстоны. Уыимæ иумæ уыдонæн æмрæстæджы хъуамæ ма уа регистраци Уæрæсейы территорийыл. Фиддонтæ иууылдæр фыст цæудзысты Уæрæсейы закæттæм гæсгæ.

"Кæд æмæ æмбæстаджы пенсион ифтонгады иумæйаг суммæ нæ хизы ЦКФЗ-ы пенсион æмвæзадмæ — 10 410,7 соммæ, уæд ахæм æмбæстаджы пенсимæ нысан цæудзæн æрвылмæйон фиддон дыууæ азмæ (2016 азы 1 январæй — пенсион ифтонгады иумæйаг суммæйы 18%-ы бæрц, 2017 азы 1 апрелæй — пенсион ифтонгады иумæйаг суммæйы 18, 8%-ы бæрц", — дзырдæуы документы.

Разыдзинад фадат ратдзæн Уæрæсейы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдон пенсион ифтонгад фæбæрзонддæр кæнын ЦКФЗ-ы æмвæзады онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0