ЦӔК аиуварс кодта æвзæрстыты рæстæджы фальсификацийы гæнæнтæ

© Sputnik / Наталья АйриянБелла Плиева
Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Плиты Белла нымайы, фальсификацитæ ауадзыны тыххæй дам-думтæ сты æрымысгæ æмæ бафтыдта, цыфæнды фæткхалæн цаутæн дæр гæнæн кæй уыдзæн рабæрæг кæнын æвзарæн фадгуыты

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik, Хъотайты Мария. Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Белла аиуварс кодта президентон æвзæрстыты æмæ референдумы рæстæджы фальсификацийы гæнæнтæ. Уый тыххæй ЦӔК-ы сæрдар фехъусын кодта журналисттæн пресс-конференцийы рæстæджы.

Уый банысан кодта, хъæлæскæныны бюллетень кæй у "фаг хъахъхъæд", хъæлæстæ нымайыны процесс та — рæсуг.

Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Печать паспорты: ЦӔК радзырдта йæ ног хуызы тыххæй 9 апрелы æвзæрстыты

"Бюллетеныл фӕстӕйӕ уыдзысты ӕвӕрд алы кагдидаты къухфысттӕ дӕр. Бюллетены къуымы сӕ къухтӕ хъуамӕ ӕрфыссой фадыгон къамисы сӕрдар ӕмӕ секретарь, кӕцытӕ фидар ӕрцӕудзысты ЦӔК-ы печатӕй. Ӕвзарӕджы паспорты хъӕлӕсӕппӕрсты размӕ ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн печать. Бюллетентӕ нымайыны хайад райсдзысты алы кандидаты минӕвӕрттӕ дӕр", — радзырдта Плиты Белла.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, фильсификацитӕ ауадзыны фӕдыл дам-думтӕ сты ӕнӕбындур ӕмӕ бафтыдта, фӕткалӕн цаутӕ ӕнцонтӕй кӕй уыдзӕн рабӕрӕг кӕнын алы ӕвзарӕн фадыджы дӕр.

Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны ацæудзысты президенты æвзæрстытæ ӕмӕ референдум республикæйы ном раивыны фæдыл. ЦӔК президенттæм кандидаттæй срегистраци кодта архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Аланы.

Ног хабӕртты лентӕ
0