Бибылты Анатолий: фæуæлахиз уæт тыхджындæр

Выборы РЮО
Выборы РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кандидат схъæлæс кодта 13-æм фадыгыл спортскъолайы, цы ранмæ æрбацыд йæ хъæбылы хъæбул Ирбегимæ

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik. Президенттæм кандидат, парламенты спикер Бибылты Анатолий схъæлæс кодта хуыцаубоны æвзæрстыты 13-æм фадыгыл, кæцы æрбынат кодта спортскъолайы.

Бибылты Анатолий æвзарæн фадыгмæ æрбацыд йæ бинонтимæ — цардæмбал, сывæллæттæ æмæ хъæбулы хъæбулимæ.

Тыбылты Леонид 10-ӕм ӕвзарӕн фадыгы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: кӕд дыккаг тур уа, уӕд адарддӕр кӕндзыстӕм нӕ куыст

Уый алкæмæн дæр раарфæ кодта Донхæрисхæссæн хуыцаубоны бæрæгбоны фæдыл, йæ цæст бауарзта æвзарджытæн "раст равзæрст, кандидаттæн та æныстытæ".

"Нæ дызæрдыг кæнын æвзарджыты раст равзæрсты, уадз æмæ фæуæлахиз уа тыхджындæр", — загъта Бибылты Анатолий.

Паддзахады уæлдæр постмæ ис æртæ претенденты —архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Алан.

Хъæлæскæнынад адарддæр уыдзæн 20:00 сахатмæ бынæттон рæстæгæй (кæцы мæскуыйагимæ у иугъуызон).Хуссар Ирыстоны хъæлæскæнынадмæ сæ хъус дарынц 80 цæстдарæджы Уæрæсе, ДАР, ЛАР, Хæххон Карабах, Днестргæрон республикӕ ӕмӕ Цæгат Ирыстонæй.

Ӕвзæрстытæ æрцæудзысты нымад, регистрацигонд æвзарджытæы æрбацыд 50%-æй къаддæр куы нæ уа, уæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0