МХМ: Хуссар Иры æвзæрстыты бон уавæр ис ведомствæйы контролы бын

© SputnikАхсар Лавоев
Ахсар Лавоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны МХМ фæтыхджындæр кодта мадзæлттæ паддзахадон уагдæтты æдасдзинады хъахъхъæд, æвзарæн фадгуытæ сты хъахъхъæды бын, ведомствæйы арæзт æрцыд оперативон штаб

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik, Козаты Диана. Оперативон уавæр Хуссар Ирыстоны, цы ран уагъд цæуынц президентон æвзæрстытæ æмæ референдум, у сабыр æмæ ис мидхъуыддæгты министрады контролы бын, загъта журналисттæн уагдоны сæргълæууæг Лæууойты Ӕхсар.

6 апрелæй фæстæмæ МХМ-ы хисæрмагонд сконд службæ хæссы фæтыхджындæргонд режимы, мадзæлтты хайад исынц МХМ-ы кусджытæй иу минæй фылдæр, райст æрцыдысты фæкарздæргонд мадзæлттæ паддзахадон уагдæтты, æвзарæн фадгуыты æдасдзинад бахъахъхъæныны фæдыл.

"Республикæйы оперативон уавæр у сабыр æмæ ис МХМ-ы контролы бын. Арæзт æрцыд МХМ-ы оперативон штаб, цы ран æмбырд кæны информаци оперативон уавæры тыххæй, рæвдз æрцыд ПӔК, Генпрокуратурæ æмæ УУМ-ы æмгуыстад", — загъта министр.

Лæууойты Ӕхсар фехъусын кодта, Цæгат Ирыстоны æвзарæн фадгуытæм æрвыст кæй æрцыдысты МХМ-ы 10 кусæджы, фæйнæ дыууæ — Мæскуы æмæ Сухуммæ. Сæ хæслæвæрдты ис фадгуытыл уагæвæрд сифтонг кæнын, бюллетентæ æмæ æвзарæн документацийы æдасдзинад бахъахъхъæнын.

Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК: Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ нымад æрцыдысты

Министр ма загъта, кæй фæтыхджындæр кодтой ПАИ-йы стационарон посттæ, уыдон уромынц зæрдæмæхсайгæ транспорт æмæ æмбæстæгты, æмæ банысан кодта, "ацы мадзæлттæ кæй нæ хъыг дарынц æмбæстæгты конституцион бартæ".

Лæууойты Ӕхсар æрсидт æмбæстæгтæм закон хъахъхъæнын æмæ провокацитæн ма бакомын.

"Нæ фыдаудæнгæнджыты æрдыгæй тас æмæ æхсæнадон-политикон процесты ахсджиагдзинад хынцгæйæ, алы æмбæстаг дæр хъуамæ сараза æппæтдæр, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой сабыр уавæры", — загъта уый.

МХМ-ы сæргълæууæг ма æрсидт æмбæстæгтæм, цæмæй бамбарой барадхъахъхъæнæг органты æрдыгæй æдасдзинады мадзæлттæ æмæ равдисой æмбæстагон æмбарынад.

Ног хабӕртты лентӕ
0