Бибылты Анатолий æмбулы президентон æвзæрстыты, хъусын кæны ЦӔК

© Sputnik / Наталья АйриянВыборы
Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, парламенты спикер Бибылты Анатолий райста 57,9%

ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис фехъусын кодта президенты æвзæрстыты развæлгъау бæрæггæнæнтæ. Дзауы район æмæ Цæгат Ирыстоны фадгуытæй дарддæр бюллетентæ банымайыны фæстиуджытæм гæсгæ, фæуæлахиз парламенты спикер Бибылты Анатолий, кæцы райста æвзарджыты 57,9% хъæлæсы.

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны уагъд цыдысты президенты равзæрсты æмæ республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум.

Ӕдæппæт æрбайгом æрцыд 77 æвзарæн фадыджы, уыдонæй фондз — Уæрæсейы территорийыл. Ӕвзарджыты æрбацыды гæрæн уыд 50% æмæ ма иу хъæлæс. Уæлахизы тыххæй кандидаты хъуыд райсын хъæлæсты 50%-æй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0