Бибылты Анатолий: нæ дызæрдыг кодтон мæ уæлахизы

© Sputnik / Наталья АйриянБибилов
Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ЦӔК фехъусын кодта хъæлæскæнынады развæлгъау бæрæггæнæнтæ, кæцытæм гæсгæ парламенты спикер Бибылты Анатолий æмбулы 62 фадыгæй бюллетентæ банымайыны фæстиуджытæм гæсгæ

ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенттæм кандидат Бибылты Анатолий фехъусын кодта Sputnik, кæй нæ дызæрдыг кодта æвзæрстыты йæ уæлахизыл.

Дзауы район æмæ Цæгат Ирыстоны фадгуытæй дарддæр бюллетентæ банымайыны фæстиуджытæм гæсгæ, фæуæлахиз парламенты спикер Бибылты Анатолий, кæцы райста æвзарджыты 57,9% хъæлæсы.

Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий æмбулы президентон æвзæрстыты, хъусын кæны ЦӔК

"ЦӔК фехъусын кодта фæстиуджытæ æмæ кæд уыдон чысыл хицæн кæнынц мах бæрæггæнæнтæй, уæддæр бæлвырд кæнынц нæ уæлахиз фыццаг туры. Уæлахизæй мын эйфори нæй. Тынг хорз æмбарын, цы бæрндзинады уæргъ æрбадт ме ′уæхсджытыл, цас куыст хъæуы бакæнын, цæмæй сæххæст кæнæм æвзарджытæн лæвæрд ныфсытæ æмæ среализаци кæнæм нæ адæмы куырдиæттыл арæзт программæ", — загъта уый.

Бибылты Анатолий загъта бузныг, æвзæрстыты хайад чи райста, чи йын схъæлæс кодта, афтæ ма иннæ кандидаттæн дæр чи радтой сæ хъæлæстæ, æппæт уыдонæн.

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны уагъд цыдысты президенты равзæрсты æмæ республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум.

Ӕдæппæт æрбайгом æрцыд 77 æвзарæн фадыджы, уыдонæй фондз — Уæрæсейы территорийыл. Ӕвзарджыты æрбацыды гæрæн уыд 50% æмæ ма иу хъæлæс. Уæлахизы тыххæй кандидаты хъуыд райсын хъæлæсты 50%-æй фылдæр.
Ӕвзæрстыты æлхынцъон хатдзæгтæ ЦӔК фехъусын кæндзæн фондз бонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0