Бибылты Анатолий Ильяйы фырт. Справкӕ

© Sputnik / Наталья АйриянБибилов
Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолийы цыбыр справкӕ

Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис фехъусын кодта æвзæрстыты развæлгъау бæрæггæнæнтæ, кæцытæм гæсгæ æмбулы парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Биографион справкӕ

Рыйгуыр 1970 азы 6 февралы г. Цхинвалы кусæг бинонты æхсæн. Аст кълас бакæсыны фæстæ бацыд ахуырмæ уырыссаг æвзаджы арф ахуырад æмæ фæтыхджындæргонд æфсæддон-физикон цæттæдзинады Леселидзейы номыл спецализацигонд скъола-интернатмæ г. Тбилисы.

1988 азы бацыд ахуырмæ Ленинаг комсомолы номыл Уæлдæфон-десантон æфсады Рязанаг ахуыргæнæндонмæ. Уыд ахуыргæнæндоны æмæ псковаг дивизийы чемпион æфсæддон æмбуар хæстæй.

Ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ йæ арвыстой 76-æм псковаг уæлдæфон-десантон дивизимӕ, цы ран уыцы рæстæг арæзт цыд батальон Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæн операцийы. 1992 азы ацы батальоны сконды æрæздæхт Райгуырæн бæстæмæ. Уый фæстæ службæ хаста Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты, цы ран командæ кодта сæрмагонд нысаниуæджы ротæйыл.

1996-1998 азты цард æмæ куыста г. Киевы.

1998- 2008 азты службæ хаста Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæг тыхты цæгатирыстойнаг батальоны сконды ротæйы командиры бынаты, уый фæстæ та батальоны командиры хæдивæгæй.

2008 азы августы Гуырдзыстонимæ конфликты рæстæджы активон хайад райста хæстон архӕйдтыты. Уыд Цхинвалы районтæй иуы хъахъхъæды организатор. Хæсты рæстæджы дыууæ хатты райста цæфтæ, фæлæ адарддæр кодта тох.

2008 азы октябры нысан æрцыд уæлвæткон уавæрты министрæй. Йæ дæлбар уагдон ссис куыстхъом.

Ис инæлар —лейтенанты цины.

2008 азы йæ зынгæ хайбарвæрды æмæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд республикæйы уæлдæр паддзахадон хорзæх — Орден "Уацамонгæйæ".

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн хæларадон ахастыты райтынг кæныны хъуыддаджы йæ хайбарвæрды тыххæй Уæрæсейы Федерацийы президенты бармындмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Хæларады Орденæй.

23 июны 2014 азы æвзæрст æрцыд Парламенты сæрдарæй.

Ис ын бинонтæ, хъомыл кæны цыппар сывæллоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0