Уæрæсейаг сапертæ Хуссар Иры ссыгъдæг кæндзысты ноджы 40 гектары

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæРепортаж о жизни в Южной Осетии
Репортаж о жизни в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонмæ радон хатт фæуазæг уыдзысты уæрæсейаг центр "Лидер"-ы специалисттæ

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны æнхъæлмæ кæсынц УФ УУМ ирвæзынгæнæн операциты центр "Лидер"-ы специалистты ʻрцыдмæ, уыдон ссыгъдӕг кæндзысты тæссаг предметтæй республикæйы территорийы иу хай, фæхъусын кодта Sputnik уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Тадтаты Алан.

Мчс подписание - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лидер"-ы хистӕр радта Хуссар Иры минӕтӕй ссыгъдӕггонд территоритӕ

Уый уыдзæн Хуссар Ирыстоны минæтæй ссыгъдæг кæныны куысты дыккаг этап. Ивгъуыд аз саперты къордæн бантыст 1991-2008 æзтæй баззайгæ хæлæн æрмæджытæй ссыгъдæг кæнын республикæйы 50 гектары.

"Уæрæсейаг сапертæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзысты 15 апрелы. Къорды сконды уыдзысты 30 адæймаджы — центр "Лидер"-ы бæрзонд æмвæзады пиротехниктæ æмæ кинологтæ. 80 боны дæргъы уыдон кусдзысты 40 гектары территори тæссаг предметтæй ссыгъдæг кæныныл", — загъта Алан.

Уагдоны хистæры хæдивæг банысан кодта, ныр та сапертæ кӕй ссыгъдæг кæндзысты Аунеумæ хæстæг бынӕттæ æмæ Сарабукъы бæрзæнд, цы ран 2008 азы цыдысты тохтæ.

Куыст цæуы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы президентты бадзырды æмæ дыууæ бæстæйы УУМ иумæйаг нывæзты фæлгæтты. Нывæзт нымад у æртæ азыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0