Бибылты Анатолий суæгъд кодта парламенты спикеры æмæ депутаты бартæ

© Sputnik / Наталья АйриянБибилов
Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг закондæттынадмæ гæсгæ, республикæйы сæргълæууæгæн нæй бар парламенты депутат, науæд та исты политикон партийы æмæ æхсæнадон баиугæнды сконды уæвын

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны равзæрстгонд президент Бибылты Анатолий дыццæджы йæхицæй райста депутат æмæ закондæттæн органы сæргълæууæджы бартæ.

Бибылты Анатолийы 9 апрелы равзæрстой Хуссар Ирыстоны президентæй, уымæн сæ хъæлæстæ радтой æвзарджыты 54,8%.

Бибылты Анатолий абон фыццаг хатт бацыд парламентмæ æвзарæн кампанийы райдианæй æмæ Хуссар Ирыстоны президентæй равзарыны фæстæ.

Следственный изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног президент йæ бынатмæ бахизыны фæстæ расиддзæн амнисти

Бибылты Анатолийы æххæстбартæ суæгъд кæныны фарст рахаста парламенты мандатон къамисы сæргълæууæг Бекъойты Геннадий.

"Ахæм бæрзонд бынатмæ дæ кæй равзæрстой, уый у дæ сгуыхтдзинад æмæ парти "Иугонд Уæрæсе"-йы сгуыхтдзинад. Уый у нæ иумæйаг уæлахиз, Хуссар Ирыстоны адæмы уæлахиз", — загъта Бекъойты Геннадий.

Уый бакаст Бибылты Анатолийы спикер æмæ депутаты бартæй ссæрибар кæныны фæдыл уынаффæтæ, кæцытимæ парламентаритæ сразы сты æмхъæлæсæй. Ног спикер разварыны онг парламенты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн фыццаг вице-спикер Мамиты Инал.

Бибылты Анатолийы депутатон мандат лæвæрд æрцыд парти "Иугонд Ирыстон"-ы республикон номхыгъды радон кандидат Тедеты Ноннайæн.

Хуссар Ирыстоны парламенты ног сæргълæууæджы равзардзысты Бибылты Анатолийы инаугурацийы фæстæ, кæцы ацæудзæн 21 апрелы. Ног спикер æвзæрст цæуы сусæг хъæлæсæппæрстæй, иу кæнæ аннæ кандидатурæ хъуамæ райса депутатты фылдæр хайы хъæлæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0