Фæткъуыйы "Ирыстоны дыргъдæттæ" айтынг уыдзысты присаг къуылдымтыл

© Sputnik / Наталья АйриянСады Ирыстона
Сады Ирыстона - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik уацхæссæг фæуазæг "Ирыстоны дыргъдæтты" территоримæ, цы ран базыдта куыстыты цыды, техгологиты æмæ фæткъуыты фыццаг тыллæджы рæстæджы тыххæй

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik, Годжысаты Анна. Фæткъуыйы интенсивон дыргъдæттæ фæзындзысты майы Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы, фехъусын кодта республикæйы хъæууон хæдзарады министр Плиты Виталий.

Яблоки Сатикар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нӕ райынц сӕ тыллӕгыл

"Ирыстоны дыргъдæтты" номы бын инвестпроект реализаци цæуы Хуссар Ирыстоны Инвестагентады ахъазæй уæрæсейаг банкты хайадистæй. Проект æрбавдыста Ростоваг амалиуæггæнæг Константин Ластович, йæ реализацийæн рахицæн æрцыд 265,64 млн сомы, уыдонæй 60, 1 млн æвæрд æрцыд проекты инвестор æмæ инициаторы хисæрмагонд фæрæзтæй.

Дыргъдæттæ ныридæгæн арæзт цæуынц Присы хъæуы. Ам 50 га территорийыл сагъд æрцæудзæн фондз хуызы 160 000 фæткъуыталайы. Талатæ ныридæгæн сты Хуссар Ирыстоны.

"Талабæлæстæ æрбаластой Серби æмæ Уæрæсейæ æмæ рацыдысты санитарон контролы æмвæзадтæ иууылдæр, кæуыд сæхи зæххыл, афтæ нæ республикæйы дæр", — загъта министр.

Талатæ æрхæццæ сты æмæ æнхъæлмæ кæсынц садзыны уысммæ сæрмагонд уазалгæнæн системæйы, бæлвырд температурæйы — 4 градусы.

© Sputnik / Наталья АйриянИрыстоны дыргъдæттæ
Ирыстоны дыргъдæттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Ирыстоны дыргъдæттæ
© Sputnik / Наталья АйриянИрыстоны дыргъдæттæ
Ирыстоны дыргъдæттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Ирыстоны дыргъдæттæ
© Sputnik / Наталья АйриянИрыстоны дыргъдæттæ
Ирыстоны дыргъдæттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Ирыстоны дыргъдæттæ
© Sputnik / Наталья АйриянИрыстоны дыргъдæттæ
Ирыстоны дыргъдæттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Ирыстоны дыргъдæттæ
1/4
Ирыстоны дыргъдæттæ
2/4
Ирыстоны дыргъдæттæ
3/4
Ирыстоны дыргъдæттæ
4/4
Ирыстоны дыргъдæттæ

Бæлæстæ садзыны ног технологийы тыххæй хуынд æрцыд агрономтæ-технологты бригадæ Кæсæг — Балхъарæй, цы ран ацы технологи у тынг популярон æмæ дзы уæрæхæй пайда кæнынц фермертæ.

"Ныртæккæ, цалынмæ хорз боныгъæдтæ ис, уæдмæ мах балхынцъ кæндзыстæм талатæн æххуысгæнæн конструкцитæ аразын. Талабæлæстæ та райдайдзыстæм садзын майы, уымæн æмæ зæхх хъуамæ схъарм уа 18 градусы онг. Афтæ та климатон уавæртæ æмæ мæр дзуапп дæттынц проекты домæнтæн", — фехъусын кодта æрхонгæ бригадæйы сæрдар.

Присы ма арæзт цæуы дыууæ ангары территори, цы ран бафснайæн уыдзæн 3000 тонны тыллæг. Фидæны кондад "Ирыстоны дыргъдæтты" территорийыл нывæндынц уадзын сок, повидло æмæ æндæр адджын продукци дыргътæй.

Проекты реализацийы фæрцы организацигонд æрцæудзæн 50 кусæгон бынаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0