Уæрæсейаг сапертæ дӕс бонмӕ Хуссар Иры ссыгъдӕг кодтой ӕртӕ гектары

© Sputnik / Наталья АйриянСаперы МЧС России
Саперы МЧС России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къорды нысан у, Цхинвалы æмæ Знауыры районты хицæн хъæуты хæсты фæстæ цы тæссаг предметтæ баззад, уыдонæй территоритӕ ссыгъдæг кæнын

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Уæрæсейы УУМы ирвæзынгæнæн операциты центр "Лидер"-ы специалисттæ дӕс бонмӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Хуссар Ирыстоны территорийӕ ӕртӕ гектары ӕмӕ сæнæзианхъом кодтой фистæг æфсады ныхмæ минæ.

Хуссар Ирыстоны 2008 азы хæсты рæстæджы тохтæ цы бынæтты цыдысты, уым баззад бирӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ. Ацы аз февралы мæйы минæйы срæмыгъдæй Знауыры районы Аунеумæ хæстæг фӕмард 22 аздзыд лæппу, кæцы быдыры хызта йӕ фос.

"Ныридæгæн къорд кусы Аунеуы территорийыл, бантыст нын сӕнæзианхъом кæнын иу фистæг æфсады ныхмæ минæ. Къуырийы кæронмæ ацы районы нæ куыст балхынцъ кæндзыстæм, уый фæстæ та нæ архайд адарддæр кæндзыстæм Цхинвалы районы Сарабукъы хъӕуы", — фехъусын кодта Sputnik УФ УУМ булкъон Анатолий Саввин.

Уæрæсейаг саперты къорд 30 адæймаджы скондӕй Хуссар Ирыстоны кусы дыууæ бæстæйы президентты бадзырды æмæ УУМ иумæйаг нывæзты фæлгæтты. Къорды сконды ис центр "Лидер"-ы бæрзонд æмвæзады пиротехниктæ æмæ кинологтæ.

© Sputnik / Natalia AiriyanУæрæсейаг сапертæ
Уæрæсейаг сапертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Уæрæсейаг сапертæ
© Sputnik / Наталья АйриянУæрæсейаг сапертæ
Уæрæсейаг сапертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Уæрæсейаг сапертæ
© Sputnik / Наталья АйриянУæрæсейаг сапертæ
Уæрæсейаг сапертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Уæрæсейаг сапертæ
© Sputnik / Наталья АйриянУæрæсейаг сапертæ
Уæрæсейаг сапертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Уæрæсейаг сапертæ
1/4
Уæрæсейаг сапертæ
2/4
Уæрæсейаг сапертæ
3/4
Уæрæсейаг сапертæ
4/4
Уæрæсейаг сапертæ
Ног хабӕртты лентӕ
0