Хуссар Иры æмбæстагæн радтой æртæ азы дзырдæй 30 г гæны тыххæй

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæРабота специалиста лаборатории по исследованию наркотических средств
Работа специалиста лаборатории по исследованию наркотических средств - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны фæазым кодтой Хуссар Ирыстоны цæрæджы уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл наркотиктæ раласыны бафæлвæрды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Алагиры районон тæрхондон (Цæгат Ирыстон) банымадта аххосджыныл Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы наркотиктæ контрабандæйы хъуыддаджы æмæ йын стæрхон кодта æртæ азы дзырдæй, хъусын кæны РЦИ-Аланийы прокуратурæйы пресс-службæ.

Денежные купюры России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстонӕй ацӕугӕ сылгоймаджы Дзӕуджыхъӕуы фӕазым кодтой фӕлывды

20-аздзыд хуссарирыстойнаг æмбæстаджы Уæрæсейы арæнгæрон управленийы кусджытæ æрцахстой фарон октябры уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы". Контрабандæйы фæдыл информаци арæнхъахъхъæнджытæм бацыд сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæй.

Лæмбынæг басгæрсты рæстæджы уымæ разынд æмæ байст æрцыд гæны парти, йæ иумæйаг уæз — 30 граммæй фылдæр, кæцы уый фæлвæрдта Хуссар Ирыстонмæ æрбаласын спайда кæныны нысанæн.

Тæрхондонон хъуыддаджы æрмæджыты бындурыл, Алагиры районон тæрхондон банымадта æмбæстаджы аххосджыныл æмæ йын стæрхон кодта æртæ азы ахæстоны фæбадын дзырдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0