Хуссар Ирыстоны райстой ног программæ фæсивæды хъомылады фæдыл

© Sputnik / Ада БагианДень знаний в Южной Осетии
День знаний в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ хъæлæсты фылдæр хайæ райстой рæзгæ фæлтæры монон хъомылады программæ

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад æрæвналдзæн рæзгæ фæлтæры монон хъомылады программæйы реализацимæ, кæцыйы сæххæст кæнынæн æввахс æртæ азы мидæг паддзахадон бюджетæй рахицæн æрцæудзæн 40 милуан сомы.

Дыццæджы программæ хорзыл банымадтой Хуссар Ирыстоны парламеты депутаттæ.

"Скъоладзаутæ уæлæнгай зонгæ сты Хуссар Ирыстоны истори æмæ культурæимæ. Хъуыддаг уыййæнгты æрцыд æмæ Хуссар Ирыстоны историйы тыххæй нæ сывæллæттæн радзурынц се ′мбæйттæ — уазджытæ", — загъта ахуырады министр Гасситы Натали сессийы рæстæджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног программæ здæхт у ацы хъæндзинæдтæ иуварс кæнынмæ.

Программæ нымад у æртæ азмæ. Уый рагхыгъд кæны курдиатджын сывæллæтты уæлæмхас ахуырад, математикæйы фæтыхджындæргонд ахуыр робототехникæйы секциты, афтæ ма скъолаты релаксацион кълæсты æрбайгом, уымæн æмæ Гасситы Наталийы ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæ арæхдæр райдыдтой уадзыг кæнын æмæ суицид фæлварын.

Программæйы фæлгæтты мыхуыр æрцæудзысты ахуыргæнæн чингуытæ ирæтты культурæ æмæ традициты фæдыл, афтæ ма историйы музейты æмæ сывæллæтты туризмы центры æрбайгом.

Ног хабӕртты лентӕ
0