Бибылты Анатолий бафыста указ Пухаты Эрикы премьерæй снысан кæныны фæдыл

© Sputnik / Наталья АйриянАнатолий Бибилов
Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент снысан кодта Пухаты Эрикы Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдарæй, йæ кандидатурæ йын парламент æмхъæлæсæй куы сфидар кодта, уый фæстæ

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста указ республикæйы премьер-министрæй Пухаты Эрикы сфидар кæныны фæдыл, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ног премьер дзырд дæтты министртæй фылдæр бæрндзинад домын

Хуссар Ирыстоны парламент дыццæджы схъæлæс кодта Пухаты Эрикы кандидатурæйæн хицауады сæрдары бынатмæ, кӕцыйы 5 майы президент Бибылты Анатолий бавдыста парламентон корпусмӕ сфидар кӕныны тыххӕй.

Сусӕг хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуӕгӕн Пухаты Эрикы кандидатурӕйы фарс рахӕцыдысты 32 депутаты — сессийыл чи уыд, уыдон иууылдӕр.

Хуссар Ирыстоны хицауад йе ‘ххӕстбартӕ суӕгъд кодта 24 апрелы, президент Бибылты Анатолийы йӕ бынатмӕ бахизыны фӕстӕ. Министрты ног кабинеты сфидары онг министрӕдты сӕргълӕуджытӕ ӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0