Бибылты Анатолий: Цхинвалы хъæуы саразын ног нырыккон уазæгдон

© Sputnik / Ада БагианУазӕгдон "Ирыстон"
Уазӕгдон Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент бахæс кодта октябрмæ Цхинвалы центры ног нырыккон уазæгдоны проектыл бакусын

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы хъæуы ног нырыккон уазæгдон æмæ уый хъуамæ арæзт æрцæуа тагъд æмæ гъæдджынæй, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий, кæцыйы ныхæстæ хъусын кæны йæ пресс-службæ.

Гостиница Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уазӕгдон – горӕты цӕсгом

Республикæйы сæргълæууæг æртыццæджы ауагъта æмбырд Цхинвалы центры уазæгдон "Ирыстоны" реконструкцийы фæдыл.

"Ис хæслæвæрд саразын цыппарстъалыйон уазæгдон, уый æмрæстæджы бæстыхайы нырыккон фасад бахъахъхъæнгæйæ. Курæг дæн Арæзтады министрад æмæ мэрияйæ, алыхуызон æххуыс бакæнын проектон организацийæн, цæмæй октябры нæ къухты уа цæттæ проект парковкæ æмæ уазæгдоны аннæ инфраструктурæ хынцгæйæ", — загъта Бибылты Анатолий.

Нывæзты ис, уазæгдоны арæзтад кæй реализаци кæндзæн уæрæсейаг инвестор паддзахадон-хисæрмагонд партнерады тыххæй бадзырды фæлгæтты.

Ӕмбырды хайад райстой, Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик æмæ ХПӔ-ы бæстæтæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Денис Травкин.

Ног хабӕртты лентӕ
0