Хъахъхъæнынады министрад æвзары абитуриентты УФ æфсæддон ахуыргæнæндæттæм

© Пресс-служба Минобороны РЮОУӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм кандидатты ӕвзӕрст
Уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм кандидатты ӕвзӕрст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рауагъдонтæ хъуамæ рацæуой медицинон басгæрст, радтой физикон цæттæдзинады нормативтæ æмæ фæлварæнтæ цалдæр дисциплинæйæ

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik.Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуыны фæнд цы хуссарирыстойнаг фæсивæд кæны, уыдон  дæттынц фæлварæнтæ Цхинвалы, фехъусын кодтой Sputnik РХИ Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.

Фæлварæнты рæстæджы уæлбартæ уыдзæн æфсæддонты сывæллæттæн, кадетон скъолайы ахуырдзаутæн æмæ æфсæддон службæгæнджытæн.

© Пресс-служба Минобороны РЮОУӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм кандидатты ӕвзӕрст
Уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм кандидатты ӕвзӕрст - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм кандидатты ӕвзӕрст

2/3

3/3

"Нысанмæздæхт бынæттыл тох кæнынц 50 рауагъдоны. Фæлварæнты фыццаг этапы уыдон рацыдысты психологон æмæ медицинон басгæрст. Разæй та сæм æнхъæлмæ кæсынц фæлварæнтæ цалдæр дисциплинæйæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Æппæт фæлварæнты фæстиуæгæн мандатон къамис равзардзæн хуыздæр абитуриентты.

Хуссар Ирыстоны скъолаты рауагъдонтæн бынæттæ хицæн æрцыдысты УФ авд уæлдæр ахуыргæндоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0