Хуссар Иры экономикæйы министрады раивтой министры фыццаг хæдивæджы

© Sputnik / Наталья АйриянПравительство Южной Осетии
Правительство Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Беппиты Игоры бæсты экономикæйы министрады сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг ссис 27-аздзыд Тадтаты Дзамболат

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны экономикæйы министры фыццаг хæдивæг Беппиты Игоры къуырисæры ссæрибар кодтой йæ куыстæй. Йæ бынаты йын снысан кодтой æрыгон специалист Тадтаты Дзамболаты.

Хицауады рабадты экономикæйы министр Кокойты Геннадий йæ ног хæдивæджы тыххæй загъта, зæгъгæ уый у "ахуыргонд æмæ профессионалон къухдариуæггæнæг".

Здание правительства обсуждение строительства Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент раивта Минэкономрайрæзты хистæры

"Тадтаты Дзамболатыл цæуы 27 азы. Каст фæцис Ставрополы паддзахадон университеты менеджменты факультет, уый адарддæр кодта ахуыр проекттыл къухдариуæгад

ы къабазы. Ныртæккæ уый ахуыр кæны аспирантурæйы æмæ у Хуссар Ирыстоны фæдыл Ӕхсæнхицауадон къамисы цур бæрнон нымæрдар. Афтæ ма кæсы лекцитæ ХИПУ-ы", — загъта Кокойты Геннадий.

Ацы бынаты чи уыд — Беппиты Игорь — министрты кабинеты рабадты рæстæджы загъта, зæгъгæ, "не ′мбары, цы аххосæгы фæдыл æй ссæрибар кодтой йæ бынатæй".

"Цы альтернативæ мын у ныр сæ бон банхъарын? Ӕз куыстон ахæм программæтыл, кæцыты фæдыл нырма куыст нæдæр райдыдта. Ӕз уагътон куыст профилон ведомствæтимæ. Нæ йæ 'мбарын, цы аххосагмæ гæсгæ мæ ссæрибар кодтой мæ бынатæй", — загъта Беппиты Игорь.

Экономикæйы министр радта дзуапп, "Беппиты Игоры йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæдыл скъуыддзаг райст кæй не 'рцыд иунæгонæй".

Ног хабӕртты лентӕ
0