Хуссар Иры парламенты вице-спикерæн рахæсдзысты æнæууæнчы вотум

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия Цхинвал
Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты президиум рахаста вице-спикер Тасойты Дмитрийæн æнæууæнк рахæссыны фарст, "Иугонд Ирыстоны" парламентон фракцийæ рахизыны фæдыл фидиуæны фæстæ

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ æввахсдæр рабадтыл нывæндынц æркæсын вице-спикер Тасойты Дмитрийæн æнæууæнк рахæссыны фарстмæ, фехъусын кодтой закондæттæн органы пресс-службæйы.

Парламенты президиум æртыццæджы æруынаффæ кодта Тасойты Дмитрийæн æнæууæнчы фарстыл, кæцы депутатты æркастмæ рахаста спикер Гасситы Петр.

Парламенты пресс-службæйы банысан кодтой, уый баст кæй уыд Тасойты Дмитрийы телехъусынгæнинагимæ, ома хъуамæ ахиза "Иугонд Ирыстоны" парламентон фракцийы скондæй.

"Тасойты Дмитрийы ныхæстæм гæсгæ, йын æнæууæнчы процедурæ хаст æрцыд парламентон регламент фехæлдимæ, фæлæ уæддæр президиумы уæнгтæ хъæлæсты фылдæр хаййæ ацы фарст рахаст æрцыд парламенты радон рабадтмæ", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Йæ уынаффæйы Тасойты Дмитрий зæрдыл æрлæууын кодта, "Иугонд Ирыстоны" рæнхъыты кæй ис куыд хицæн гоймаг нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны Социал-демократон партийы уæнг.

Дмитрий Тасоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Дмитрий: æвæццæгæн, рахиздзынæн "Иугонд Ирыстоны" фракцийæ

"2012 азы сентябры нæ парти балæууыд "Иугонд Ирыстоны" фарс æмæ равдыста разыдзинад иумæйаг политикон тых саразыны. Ӕмæ парламентмæ дæр бацыдыстæм хицæн гоймæгты фæрцы нæ, фæлæ адæмы фæндонмæ гæсгæ", — загъта Тасойты Дмитрий.

Депутат ма "раргом кодта" нывæзт, зæгъгæ йыл куыд хæцыдысты æддæмæ парламентæй, фæлæ информацийы ратæдзæн нæ рахъæр кодта, "æдасдзинады нысанæн".

"Адæмы раз бæрндзинад æмæ активы иумæйаг уынаффæмæ гæсгæ, Социал-демократон парти, кæцы объективон аххосæгтæм гæсгæ рацарæзт æрцыд æхсæнадон организаци "Ӕфсæддон æмбалад", абонæй хизы парти "Иугонд Ирыстоны" скондæй", — загъта Тасойты Дмитрий.

Амæй размæ Тасойты Дмитрий карз формæйы критикæйы бын фæкодта Гасситы Петры спикерæй равзæрст. Ацы хъусынгæнинаг уый ныммыхуыр кодта йæ аккаунты социалон хызæджы Facebook.

Ног хабӕртты лентӕ
0