Хуссар Иры арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстаджы

© Sputnik / Наталья АйриянАрцев
Арцев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнсæттæг æнæзакононæй рахызт Хуссар Ирыстоны арæныл, арæнгæрон службæ йæ ныхмæ уадзы равзæрст

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой Гуырдзыстоны æмбæстаджы паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй, фехъусын кодтой Sputnik паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæйы.

Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстонæй феддæдуар кодтой æртæ гуырдзиаг æмбæстаджы

"30 июны Цхинвалы районы Громы хъæумæ æввахс паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй ахст æрцыд Гуырдзыстоны æмбæстаг", — фехъусын кодтой ПӔК-ы.

Ведомствæйы банысан кодтой, фæткхалæг — 45 аздзыд Заур Мелтаури — кæй у Гуры районы Меджврисхелийы хъæуы цæрæг.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæ уадзы равзæрст фæткхалæджы ныхмæ æмæ кусы æрмæджытæ тæрхондонмæ адæттыны фарстыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0