Бибылты Анатолий официалон визитимæ ацæудзæн Абхазмæ

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты сæргълæудæй хуссарирыстойнаг делегацийы сконды бацæудзысты ФХМ, культурæйы министрады, Генпрокуратурæйы, ПӔК æмæ Ӕхсæнадон палатæйы сæргълæуджытæ

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий официалон визитимæ ныццæудзæн Абхазмæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Визиты фæлгæтты ацæудзысты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы президенттæ Бибылты Анатолий æмæ Рауль Хаджимбайы бадзырдтæ, афтæ ма рауæрæхдæргонд форматы фембæлд æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы делегациты уæнгты дыууæварсон бадзырдтæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Визиты рæстæджы ма бафыст æрцæудзæн бадзырды дыууæ бæстæты æхсæнадон палатæты æхсæн.

Здание ООН в Нью-Йорке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз фехъусын кодтой ООН-ы куысты хайадисты сæ барты тыххæй

Визит уагъд æрцæудзæн 7-8 июлы, хъусын кæны Sputnik Абхаз. Агентады информацимæ гæсгæ, хуссарирыстойнаг делегацийыл сæмбæлдзысты Абхазы паддзахадон арæныл, столицæмæ фæндагыл уыдон чысыл фæфæстиат уыдзысты Гагрæйы. Сухумы Хуссар Ирыстоны президент æмæ хицауады уæнгтæ сæвæрдзысты дидинтæ Кады парчы мемориалмæ æмæ Абхазы фыццаг президент Владислав Ардзинбайы мемориалмæ Хъæу Эшерайы.

Делегацийы сконды ма уыдзысты фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий, культурæйы министр Зассеты Жанна, генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, ПӔК-ы сæргълæууæг Виктор Шаргаев, æхсæнадон палатæйы сæргълæууæг Джиджойты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0