Къæвда нæ дæтты Транскам цъыфы зæйæ асыгъдæг кæныны фадат

© Sputnik / Дзерасса Биазарти Последствия ливней в Алагирском районе Северной Осетии
Последствия ливней в Алагирском районе Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскамы фæндагыл автотранспортон змæлд у æхгæд æртыццæджы райсомæй сæрмагонд бардзырды онг

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Ӕнæрлæугæ къæвда нæ дæтты фадат Транскавказаг магистраль асыгъдæг кæнынæн, хъусын кæны РИА Новости.

Сход сели на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскамы фæндаг у æхгæд цъыфы зæйы æрцыды аххосæй

Трассæйыл автотранспортон змæлд у æхгæд, йæ фадгуытæй иуыл цъыфы зæй кæй æрцыд, уый аххосæй.

"Транскамы автомагистралыл дарддæр цæуынц фæндаг æмæ ма дренажон системæ сыгъдæг кæныны куыстытæ, къуылымпы сæ кæны æвзæр боныгъæд. Къæвда нæ лæууы, тæрккъæвдайы дæттæ хæссынц хохдуры мыггæгтæ фæндагмæ", — загъта Цæгат Ирыстоны УУМ-ы сæйраг управленийы минæвар.

Куыстыты æдасдзинад ифтонг кæнынц Цæгат Ирыстоны агурæн-ирвæзынгæнæн къорды Транскавказаг дæлхайады ирвæзынгæнджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0