Фидауынгæнæджы бон Хуссар Ирмæ æрцæудзысты 50 уæрæсейаг байкеры

© Sputnik / Иван Руднев /  Ахизын медиабанкмæМеждународный фестиваль байкеров
Международный фестиваль байкеров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы хайад райсдзысты 20 бынæттон байкеры, фæндзаймæ æввахс та æрцæудзысты Мæскуы æмæ УФ-йы æндæр регионтæй

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik, Годжысаты Анна. Цхинвайлаг мотоклуб "Mountain Breeze" фæнд кæны ауадзын Хуссар Ирыстоны байк-шоу, кæцы ацæудзæн республикæйы столицæйы Фидауынгæнæджы бон — 14 июлы.

Ацы аз æххæст кæны 25 азы фыццаг фидауынгæнæн операцийыл Хуссар Ирыстоны, уыдон 16 азы мидæг уыдысты сабырады гарант гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы.

Мотоклубы хайадисджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй мадзалы райсдзысты хайад 20 бынæттон байкеры, фæндзаймæ æввахс та æрцæудзысты Мæскуы, Пенза æмæ Уæрæсейы Цæгаткавказаг федералон зылды регионтæй.

"Уыдон ифтонг æрцæудзысты уазæгдоны номыртæй. Кæд бынат не ′сфаг уа, уæд сын рахицæн кæндзысты УУМ-ы базæ Дзауы поселочы", — радзырдта клубы минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, шоу ацæудзæн Цхинвалы Фидауынгæнджыты уынгыл, цы ран 2008 азы онг уыд фидауынгæнæн тыхты штаб.

Фидауынгӕнӕг тыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сарæзтой майдан фидауынгæнджыты æрбакондыл 25 азы сæххæсты цытæн

"Шоу бакæндзысты мотоаивады иууыл æрыгондæр архайджытæ. Уыдон равдисдзысты рог трюктæ, уый фæстæ цыппар профессионалон байкеры Пятигорскæй равдисдзысты сæ арæхстдзинад акробатикон элементтимæ", — банысан кодта клубы хайадисæг.

Хуссар Ирыстоны Фидауынгӕнӕджы бон нысан цæуы уæрæхæй, ацы датæ бахастӕуыд бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн бонты паддзахадон къӕлиндармӕ.

Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхтӕ (СБӔТ) гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг хъаугъайы зонӕмӕ баконд ӕрцыдысты 1992 азы 14 июлы ӕмӕ йӕ фӕстӕ 16 азы ссисты сабырады гарант, суанг Гуырдзыстоны ӕххӕстмасштабон агрессийы онг Хуссар Ирыстоны ныхмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0