Sputnik хоны Хуссар Ир æмæ Донецкы адæмты хæлардзинадæн нывонд акцийы хайад райсынмæ

© Sputnik / Наталья АйриянДонецкаг сабитæ
Донецкаг сабитæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уазæгуаты уæвыны æлхынцъон мадзал суыдзæн акци "Иумæ – хæлар бинонтæ", кæцыйы фæлгæтты сывæллæттæ базонгæ уыдзысты Ирыстоны уникалон культурæимæ æмæ та ацаходдзысты националон къæбицы хæринæгтæй

ЦХИНВАЛ, 12 июл, Sputnik пресс-службæ. Информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон президенты администраци æмæ сывæллæтты сфæлдыстады галуанимæ сараздзæн мадзал Донецкаг адæмон республикæйæ каникулты æрцæугæ сывæллæттæн, кæцы нывонд уыдзæн Хуссар Ир æмæ ДАР-ы адæмты хæларадæн. Мадзал уагъд æрцæудзæн Цхинвалы 13 июлы, 10:00 сахатыл Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны раз фæзуатыл.

Акцийы фæлгæтты æрбайгом уыдзысты адæмон традицитæ, националон кафтыты æмæ къæбицы æрмадзтæ. Акцийы хайадисджыты ма базонгæ кæндзысты националон дарæсимæ, кæй фæнда, уымæн уыдзæн фадат йе ′скæнын æмæ дзы къам сисын, кæронбæттæны сывæллæттæн балæвар кæндзысты Ирыстоны тыххæй зæрдылдарæн сувенирон продукци.

Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг Нарек Ордян: "Ирыстон æрмæст йæ аив пейзажтæй зындгонд нæу, фæлæ ма хъæзныг культурæ æмæ традицитæй — ууыл Sputnik Хуссар Ирыстон президенты администраци æмæ сывæллæтты сфæлдыстады галуанимæ иумæ сараздзæн акцент адæмон культурæйы фестивалы рæстæджы. Ацы бон уыдзæн донецкаг сывæллæттæн æлхынцъон Хуссар Ирыстоны æмæ дзы уыдон хъуамæ райсой куыд фылдæр æхцон æнкъарæнтæ".

Sputnik Хуссар Ирыстон йæ куыст райдыта 2015 азы. Йе сконды ис информацион портал ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, радиоресурс æмæ мультимедион пресс-центр.

Ног хабæртты портал Sputnik Хуссар Ирыстон ис фыццаг бынатыл бæстæйы интернет ресурсты хсæн. Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0