Ленингоры бæгæныйы завод сæндидзын кæндзысты азы кæронмæ

© Sputnik / Алексей КовалевИрон бæгæны
Ирон бæгæны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2010 азæй фæстæмæ æгуыстæй цы бæгæныйы завод лæууы (йæ раздæры ном "Ӕлутон"), уый сæндидзын кæндзысты сæрмагонд инвесторы фæрæзты руаджы, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik. Бæгæныфыцæн завод Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы сæндидзын кæндзысты 2017 азы кæронмæ, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы, кæцы уыд нывонд президентадыл 100 боны сæххæстæн.

Бибылты Анатолий 100 боны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: "Раздах æхцатæ æмæ цæр сабырæй"

Ленингоры районы завод æгуыстæй лæууы ныр авд азы, зынаргъ ифтонггарз фæдавтой, кондадон бæстыхæйттæ та æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ.

"Ленингоры районы бæгæныйы завод сæндидзын кæндзысты азы кæронмæ. Ис сæрмагонд инвестор, кæцы рахицæн кæндзæн 50 млн сомы кондад скусын кæнынæн", — загъта президент.

Уый бахахх кодта, инвесторимæ сразыдзинадмæ гæсгæ, паддзахад кæй уыдзæн бæгæныфыцæн заводы активты 51%-ы хицау.

Ног хабӕртты лентӕ
0