Президент ХИПУ студенттæн: ма тæрсут уæ креативондзинадæй

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий фæндагарфæ ракодта ХИПУ студенттæн
Бибылты Анатолий фæндагарфæ ракодта ХИПУ студенттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий фæндагарфæ ракодта ХИПУ студенттæн

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий фембæлд Хуссар Ирыстоны студенттимæ æмæ сын раарфæ кодта ног ахуыры азы райдайæны фæдыл, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Мах уæм æнхъæлмæ кæсæм ахуыры хорз хатдзæгтæм æмæ æнтыстытæм. Ма тæрсут уæ креативондзинадæй, фæсивæд алы дуджы дæр уыдысты æппæт хъуыддæгты размæгæнæг. Ахуыр кæнут. Размæ æмæ æрмæстдæр размæ!", — загъта цытджын линейкæйы рæстæджы паддзахады сæргълæууæг.

Бибылты Анатолий банысан кодта, Ирыстоны æмæ йæ арæнты æддейæ сентябры райдайæн баст кæй у трагедиимæ, кæцы æрцыд 13 азы размæ Беслæны. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ирон адæм алы хатт дæр хъуыды кæндзысты æнæазымæй бабынуæвæг адæмы. Беслæны амæттæгты ном æрæмбырдуæвджытæ ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0