Ӕнӕзонгӕ Хуссар Ирыстон: Прагӕйы уагъд ӕрцӕудзӕн Саулохты Тамарайы равдыст

© Фото: архив Т.Н. ШавлоховойКвета Ехова и Тамара Шавлохова
Квета Ехова и Тамара Шавлохова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Саулохты Тамарайы куыстыты равдыст Прагӕйы сорганизаци кодтой йӕ чехийаг хӕлӕрттӕ, кӕцытимӕ уый базонгӕ ис 60 азы размӕ

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik, Ӕлборты Александра. Хуссарирыстойнаг историк ӕмӕ къамисӕг Саулохты Тамарайы куыстыты равдыст байгом уыдзӕн ӕртыццӕджы Прагӕйы. Мадзалы инициатортӕ сты къамисӕджы чехиаг хӕлӕрттӕ, кӕцытӕн уый арвыста лӕварӕн йе 'ртыккаг фотоальбом "Хуссар Ирыстон". Къамты рӕсугъддзинад афтӕ тынг бандӕвта йӕ хӕлӕрттыл ӕмӕ сфӕнд кодтой Ирыстонимӕ базонгӕ кӕнын се 'мбӕстӕгты дӕр.

Квета Ехова ӕмӕ йе 'мкъай Карел Ех, историйы профессортӕ, фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыдысты 1964 азы Саулохты Тамарайы фӕхуындмӕ гӕсгӕ. Уыдон базонгӕ сты, Мӕскуыйы университеты ма куы ахуыр кодтой, уӕд ӕмӕ ныры онг дӕр нӕ фесӕфтой сӕ хӕларадон бастдзинӕдтӕ. Уый фӕстӕ Квета ӕмӕ Карел дыууӕ хатты ӕрцыдысты Хуссар Ирмӕ, цалдӕр хатт уыдысты республикӕйы сӕ хъӕбултӕ дӕр.

© Фото: архив Т.Н. ШавлоховойКарел Ех ӕмӕ Квета Ехова
Квета Ехова и Карел Ех - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карел Ех ӕмӕ Квета Ехова

2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты рӕстӕджы Тамара Никъалайы чызг ӕхсты бын ныффыста фыстӕг Кветамӕ. Сылгоймагмӕ афтӕ тынг бахъардта уыцы трагеди ӕмӕ уайтагъддӕр йӕ зонгӕтӕм иууылдӕр арвыста ацы фыстӕг сӕхи ӕвзагмӕ тӕлмацӕй. Ӕгӕрыстӕмӕй, фыстӕг мыхуыр ӕрцыд Прагӕйы республикон централон номыры дӕр.

Квета уый фӕстӕ куыд фыста йӕ ирон ӕмбалмӕ, афтӕмӕй ацы фыстӕг Чехийы бирӕтӕн бакодта сӕ цӕстытӕ ӕцӕгдзинадмӕ, се 'хсӕн – президент Вацлав Клаус дӕр. Уый фӕстӕдӕр Тамарӕйы фыстӕгӕн дзуаппы хуызы ӕрӕрвыста Цхинвалмӕ официалон тел, цыран банысан кодта, кӕй сиддзӕн нырӕй фӕстӕмӕ, цӕмӕй иуварсонӕй мауал кӕсой ацы кавказаг конфликтмӕ.

Ӕмӕ та ныр дӕр, уыцы хабӕрттӕй фараст азы фӕстӕ Квета ногӕй архайы се мбӕстӕгты Хуссар Ирыстоны рӕсугъддзинӕдтимӕ базонгӕ кӕныныл.

© Фото: архив Т.Н. ШавлоховойКарлел Ех, Квета Ехова ӕмӕ сӕ фырт Карел
Карлел Ех, Квета Ехова ӕмӕ сӕ фырт Карел - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Карлел Ех, Квета Ехова ӕмӕ сӕ фырт Карел
© Фото: архив Т.Н. ШавлоховойКвета Ехова ӕмӕ Карлел Ех
Квета Ехова ӕмӕ Карлел Ех - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Квета Ехова ӕмӕ Карлел Ех
© Фото: архив Т.Н. ШавлоховойУац чехиаг гезеты
Уац чехиаг гезеты - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Уац чехиаг гезеты
© Фото: архив Т.Н. ШавлоховойКвета Ехова
Квета Ехова - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Квета Ехова
1/4
Карлел Ех, Квета Ехова ӕмӕ сӕ фырт Карел
2/4
Квета Ехова ӕмӕ Карлел Ех
3/4
Уац чехиаг гезеты
4/4
Квета Ехова

Квета Ехова равдыст ауадзыны амæлттæ агурын райдыдта 2015 азы. Фыццаг бынат равзæрстой Прагæйы горæтгæрон Бажена Немцовайы музей, фæлæ музей сезонгай кæй кусы, уый аххосагæй ацы вариант бахъуыд аиуварс кæнын. Фæлæ агуырд нæ æрурæдтой. Альбом йæ зонгæтæн æвдисгæйæ уый ссардта æмвæндонты, кæцытæ йын баххуыс кодтой мадзал саразын Прагæйы. Дæргъвæтин процесс балхынцъ ис августы: фæбæрæг сты дырыс датæ æмæ равдыст "Ӕнæзонгæ Хуссар Ирыстон (Алани) Саулохты Тамарайы цæстæнгасæй"- йы бынат.

Историон зонæдты кандидат Саулохты Тамара хорз зындгонд у Хуссар Ирыстоны, фыццаг рады куыд студентон клуб "Аполлон"-ы бындурæвæрæг, кæцы ацы аз банысан кота йæ сывзæрды 45 азы юбилей. Уый цымыдис кæны къамисыны хъуыддагмæ дæр, йæ куыстыты альбомтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ рацыдысты Хуссар Иры.

Ног хабӕртты лентӕ
0