Хуссар Иры домынц Ручъы тоннелæн Гаглойты Рутены ном раттын

© ВикипедияГаглойты Рутен
Гаглойты Рутен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сидты авторты хъуыдымæ гæсгæ, советон хицауады разамонджыты æндæвдадмæ æнæксгæйæ, Гаглойты Рутен бахаста иууыл стырдæр хайбавæрд стратегион нысаниуæгджын объекты арæзтадмæ

ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фыццаг æрсидты депутаттæ курынц президент Бибылты Анатолий æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеславæй Ручъы тоннелæн зынгæ ирон инженер Гаглойты Рутены ном раттын.

Ацы куырдиаты фæдыл сидт ма æрвыст æрцыд дыууæ республикæйы закондæттæг органты разамонджытæм æмæ æппæтирон змæлд "Стыр Ныхасы" хистæрмæ, ныммыхуыр кодта Facebook-ы йæ фарсыл æхсæнадон архайæг Челехсаты Хъазбег.

Ручъы тоннель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ручъы тоннелӕн гӕнӕн ис ӕмӕ радтой Хъӕбӕлоты Билары ном

Уымæй размæ, Хъæбæлоты Билары райгуырдыл 100 азы юбилей банысан кæныны фæдыл организацион комитет бахатыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ Ручъы тоннелæн Хъæбæлоты Билары ном раттыны æнхъарæнимæ.

Ирыстоны хуссары ацы хъæппæрис райстой дисимæ. Сидты автортæ нæ дæлиуæг кæнынц Хъæбæлоты Билары сгуыхтдзинæдтæ Цæгат Ирыстоны раз, афтæ ма йæ хайбавæрд Ручъы тоннелы арæзтады хъуыддаджы, фæлæ сын уымæ æнæкæсгæйæ "зынбамбарæн у уæлдæр раразмæгонд хъæппæрис". Уыдон зæрдыл æрлæууын кодтой, ивгъуыд æнусы 90-æм æзты Хуссар Иры Уæлдæр советы депутаттæ кæй хатыдысты республикæйы уæды сæргълæууæгмæ æмæ парламентмæ Ручъы тоннелæн легендарон инженер Гаглойты Рутены ном раттыны фæдыл.

"Фарст аргъæвтой хуыздæр рæстæгмæ … Ацы патриот, стыр фæндагон инженер æмæ ахуыр адæймаг ивгъуыд æнусы 20-æм æзты раразмæ кодта æфцæгыл фæндаджы æмæ тоннелы арæзтады хъуыды, кæцы ныр дæр Ручъы хъæуы хонынц "Рутнены тоннель", — банысан æрцыд сидты.

Йæ хъæппæрисы тыххæй, фыссынц сидты автортæ, Гаглойты Рутены Гуырдзыстоны разамынады æмæ Хуссар Иры се ʻххуысгæнджыты хæслæвæрдмæ гæсгæ арвыстой Советон цæдисæй, куыд адæмы знаг æмæ йæ1937 азы та Берияйы комкоммæ хæслæвæрдмæ гæсгæ æрцахстой æмæ амардтой. Фæлæ уымæн бантыст йæ хъуыдытæ бауырнын кæнын Хуссар Иры цæрджытæн æмæ æмткæй ирон адæмæн дæр.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскамы ӕдасдзинадӕн фӕахъаз уыдзӕн ног тоннель

"Уымæ гæсгæ, нæ хæс у ацы диссаджы адæймагæн йæ ном сæнусон кæнын, уыйбæрц цы фæндаг æмæ тоннелыл архайдта, уымæн йæ ном ратгæйæ", — фидарæй дзурынц депутаттæ.

Уымæй дарддæр ма, банысан кодтой уыдон, æнæ хуссарирыстойнаг æхсæнады фæнд базонгæйæ Ручъы тоннелæн ном раттыны фæдыл уынаффæтæ кæнын раст нæу этикон домæнтæм гæсгæ.

Ацы æрмæджытæ хынцгæйæ, сидты автортæ нымайынц, Ручъы тоннелæн лæвæрд кæй хъуамæ æрцæуа Гаглойты Рутены ном, йæ дыууæ бахизæны та кæй хъуамæ сæвæрой номдзыд инженеры бюсттæ.

"Нымайын хъæуы, кæй ис æппæтнацион фарстытæ, æмæ уыдоны "сырх хаххæй" ахизыны бар никæмæн ис", — зæгъынц депутаттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0