Хуссар Иры ФХМ фæдзæхсы Гуырдзыстонмæ балцтæй

© Sputnik / Алексей КовалевРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдон уынаффæ кæны Гуырдзыстонмæ балцтæй хи бахизын, тæссаг вирус кæй апарахат ис сыхаг бæстæйы, уымæн

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фæдзæхсы республикæйы цæрджыты, кæм цæрынц æмæ ма сын цы бæстæйы æмбæстагад ис, уымæ æнæкæсгæйæ, хи бахизын Гуырдзыстонмæ цæуынæй, хъусын кæны республикæйы æддагполитикон ведомствæйы пресс-службæ.

ФХМ бамбарын кодтой, ацы рекомендаци баст кæй у сыхаг бæстæйы рабæрæггонд тæссаг низ – вирус Денгейæ рынчынтимæ.

"Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фæдзæхсы республикæйы цæрджыты, кæцытæ æмрæстæджы сты уæрæсейаг æмбæстæгтæ дæр, кæм цæрынц, уымæ æнæкæсгæйæ, сæхи бахизой Гуырдзыстонмæ балцтæй, цалынмæ хицауад нæ фехъусын кæна эпидеми аиуварсы тыххæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Лихорадкæ Денге у вирусон низ. Вирус Денге тынг тæссаг у адæймаджы æнæниздзинадæн æмæ æнæркастæй гæнæн ис æркæна мæлæтмæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0