Хуссар Иры Республикæйы бонмæ уыдзæн "дæргъвæтин улæфтытæ"

© Sputnik / Алексей КовалевРеспубликæйы бон
Республикæйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæрæгбонон къæлиндармæ гæсгæ, Республикæйы боны фæстæ уыдзæн ноджы цыппар улæфт боны

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik, Босыкты Наталья. Сентябры Хуссар Ирыстоны цæрджытæм æнхъæлмæ кæсы "дæргъвæтин улæфтытæ", республикæйы цæрджытæн æнцойы бонтыл нымад цæуынц 20–24 сентябрьмæ, фехъусын кодтой Sputnik хицауады пресс-службæйы.

"Республикæйы бон æмæ Фырсыгъдæг Мад Майрæмы бонтæ нысан кæныны тыххæй, кæцытæ хауынц 20 æмæ 21 сентябрьмæ — ацы бонтæ нымад цæуынц улæфт бонтыл", — загътой пресс-службæйы.

Уым ма бамбарын кодтой, бæрæгбонон бон – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад УФ-йы ʻрдыгæй банымайыны бон кæй æрхауд сабатмæ, уымæ гæсгæ йæ рахастой 26 августæй 22 сентябрьмæ. Уый адыл, республикæйы улæфдзысты 20, 21, 22, 23 æмæ 24 сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0