Америкæ æрдомдта уæрæсейаг æфсæддонты Хуссар Ир æмæ Абхазæй ракæнын

© Sputnik / Сергей Карпов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æфсæддотнтæ Хуссар Ирыстоны
Уæрæсейы æфсæддотнтæ Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Вашингтон радон хатт æрдомдта уæрæсейаг æфсæддонты "Гуырдзыстоны регионтæй" ракæнын

ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Америкæйы иугонд штаттæ катай æвдисынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы уадзæн пунктты сæхгæды тыххæй æмæ домынц Уæрæсейæ се ʻфсады ракæнын, хъусын кæны РИА Новости АИШ æмæ Гуырдзыстоны иумæйаг кусæгон къорды хъусинаг.

"Америкæйы иугонд штаттæм тыхстдзинад æвзæрын кæнынц афтæ хуыйнæг "демаркацион куыстытæ" æмæ "уадзæн пунктты сæхгæд", — дзырдæуы хъусинаджы.

Кусæгон къорд та радон хатт "сфæлхатт кодта йæ сидтытæ Уæрæсемæ йе фсæддонты Гуырдзыстоны регионтæ — Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй ракæныны тыххæй".

Здание Министерства иностранных дел Российской Федерации - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ ФХМ: Абхаз ӕмӕ Хуссар Иры банымады асидты тыххӕй хъусинӕгтӕ сты спекуляцитӕ

"АИШ банысан кодтой сæ фидар позици, кæй сты Гуырдзыстоны хæдбардзинад, территориалон æнæхъæндзинад, æхæсæнадæмон нымад арæнты бахъахъхъæныны æвварс", — дзырдæуы иумæйаг хъусинаджы.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы Хуссар Ирыстоны цагъта æмæхст хæцæнгарз "Град"-æй. Гуырдзыстоны æфсады æрбабырсты рæстæджы ныппырх ис столицæ Цхинвал. Уæрæсейы бахъуыд Хуссар Ирыстоны цæрджыты цард аирвæзын кæнынæн, кæцытæн сæ фылдæр сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ, æрбакæнын се ʻфсад. Мæскуы 26 августы 2008 азы банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0