Луганск фӕнд кӕны Хуссар Иры бакӕнын дипминӕварад

© Sputnik / Виктор Толочко /  Ахизын медиабанкмæЛуганскы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры х. ӕ. Владислав Дейнего
Луганскы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры х. ӕ. Владислав Дейнего - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныридӕгӕн ЛАР-ӕн Хуссар Ирыстоны ис ӕххӕстбарджын минӕвар, ӕддагполитикон ведомствӕйы ӕрбакондимӕ ма Цхинвалы фӕзындзӕн дипминӕварад дӕр, фехъусын кодта, Владислав Дейнего

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Козаты Диана. Луганскаг Адӕмон республикӕйы (ЛАР) фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Владислав Дейнего загъта, сӕ бӕстӕйы дипламатон минӕварадтӕ фыццаг рады кӕй бакӕндзысты Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы.

РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир балæууыд ДАР-ы фарсмæ ног паддзахад саразыны хъуыддаджы

"Фыццаг рады — Ирыстон ӕмӕ Абхаз. Ирыстонимӕ нын ныридӕгӕн дӕр ис хорз ахастытӕ, Абхазимӕ дӕр сӕ ӕнгом кӕнӕм", — хъусын кӕны Дейнегойы ныхӕстӕ Луганскаг информацион центр.

Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ЛАР-ӕн Хуссар Ирыстоны кӕй ис ӕххӕстбарджын минӕвар, "уымӕн йӕ куыст нырма рӕстмӕ нӕ цыд, министрад нам кӕй нӕ уыд, уый аххосӕй".

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0