Профессор Анголайӕ: стыр ӕхсызгонӕй ӕрыздӕхин Хуссар Ирыстонмӕ

© Sputnik / Диана ВалиеваКъозонты Муразы лекци ХИПУ-йы
Къозонты Муразы лекци ХИПУ-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аланты тыххӕй, кӕцытӕ ныууагътой сӕ фӕд Португалийы историйы, ахуырад ӕмӕ ахуыргӕнӕджы ахсджиаг профессийы ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинады тыххӕй ХИПУ студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн радзырдта историк Африкӕйӕ Къозонты Мураз

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik, Уалыты Диана. Анголайы университеты профессор Къозонты Мураз бакаст Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты (ХИПУ) лекци, цы ран радзырдта аланты историйы йӕ раиртӕстытыл. Афтӕ ма уый бакаст доклад нырыккон ахуырад ӕмӕ хъомылады фӕдыл. Ахуыргонд банысан кодта, кӕй хъӕуы тох кӕнын истори бахъахъхъӕныныл зонадон лекцитӕ ӕмӕ публикациты руаджы, цӕмӕй ирӕтты фыдӕлтӕ алантӕ кӕй уыдысты, уый дызӕрдыг макӕмӕ ӕвзӕрын кӕна.

Кӕддӕр Лиссабон уыд Алайнаг паддзахады фӕстӕзад горӕт, португалиаг горӕт был Мерида та йӕ сӕйраг сахар 20 азы дӕргъы, дзуры Къозоны фырт.

"Ӕз арӕх абалц вӕййын Африкӕйӕ Португалимӕ ӕмӕ дзы арӕх ссарын аланты фӕдтӕ. Зонадон ахуырты рӕстӕджы ныффыстон 12 уацы аланты тыххӕй. Арӕх бакӕсын нӕ фыдӕлты историйы тыххӕй, адӕмы зонгӕ кӕнын ирӕтты ивгъуыдимӕ", — дзуры профессор.

Студенттимӕ ныхасы рӕстӕджы ма уый бахахх кодта ахуырад ӕмӕ ахуыргӕнӕджы ахсджиаг роль алкӕйы адӕймаджы царды дӕр ӕмӕ радзырдта йӕ фӕстаг зонадон доклад "Хъомылады философийы" тыххӕй.

Участники этнолагеря Аланский след в пресс-центре Sputnik Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бынтæ агургæйæ: "Аланты фæд" Хуссар Иры

"Мӕнӕг ахуыргӕнӕджы дӕсниад у иууыл бӕрзонддӕр. Ӕз уырнӕг адӕймаг дӕн, фӕлӕ мӕ нӕ фӕнды хъуыды кӕнын, Хуыцауӕн кӕй ис ӕвзӕрст наци. Нацитӕ иууылдӕр сты ӕмбар, фӕлӕ ис ӕвзӕрст дӕсниад — ахуыргӕнӕджы професси", — бафтыдта историк.

Къозонты Мураз райгуырд Дзауы районы Ручъы хӕуы. Уый бирӕ ӕзты дӕргъы балцытӕ кодта уацхӕссӕг ӕмӕ тӕлмацгӕнӕджы хуызы. Пенсийы ацӕуыны фӕстӕ историк ацыд Африкӕмӕ ӕмӕ ныры онг дӕр кӕсы Анголайы университеты лекцитӕ испайнаг ӕвзагыл.

Фӕлӕ ХИПУ-йы фембӕлды историк загъта, тынг кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы университеты къухдариуӕгадӕй фӕхуындмӕ, цӕмӕй ӕрыздӕха йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕмӕ кӕса лекцитӕ ирон студенттӕн.

"Ӕз ӕгӕрыстӕмӕй цӕттӕ дӕн ӕрдӕг ставкӕйыл дӕр кӕсын лекцитӕ теологи ӕмӕ динзонынады фӕдыл ХИПУ-йы. Кӕд мӕм мӕ райгуырӕн бӕстӕ фӕдзура, уӕд стыр ӕхсызгонӕй ӕрцӕудзӕн", — загъта Къозонты Мураз.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим бузныг загъта ахуыргондӕн тынг цымыдисон докладты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0