Хуссар Иры президент раивта Техцæстдарды хистæры

© Sputnik / Алексей КовалевРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий раивта Хуссар Иры экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты хистæры

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йæ бынатæй ссæрибар кодта экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты хистæр Тъехты Суликъойы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Абон ма президент снысан кодта комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæгæй Гæззаты Аленайы.

Биографион справкæ

Гæззаты Алена Виталийы чызг райгуырдта 23 марты 1987 азы.

2009 азы каст фæцис Цæгат-Кавказы хæххон-металлургон институт инженер-эколог дæсныйадыл

2009 — 2010 æзты куыста Хуссар Ирыстоны Ӕрдзон ресурсты æмæ экологийы министрады.

2013 азæй ныры онг разамынад лæвæртта экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты экологон хайадæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0